Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 25:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Адӕмы хицӕутты се ’ппӕты дӕр Дунедарӕджы раз хурмӕ байтындз, ӕмӕ ӕрсабыр уыдзӕн Дунедарӕджы маст израилӕгтӕм».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 25:4
21 Iomraidhean Croise  

уый тыххӕй нын йӕ байзӕддӕгтӕй авд нӕ къухмӕ ратт, ӕмӕ сӕ мах, Дунедарӕг кӕй равзӕрста, уыцы Саулы Дунедарӕджы раз Гевӕйы ӕрцауындзӕм». Паддзах сын загъта: «Ратдзынӕн».


Гивонӕгты къухмӕ сӕ радта, ӕмӕ сӕ уыдон Дунедарӕджы раз, кувӕн къуыбырыл, ӕрцауыгътой. Авдӕй дӕр амардысты иумӕ, хуымгӕрдӕнты фыццаг бонты, хъӕбӕрхорӕфснайӕнтӕ куы райдыдтой, уӕд.


Уый ӕрсабыр кодта уад, ӕмӕ уылӕнтӕ банцадысты.


Израилы адӕмы ’хсӕн нымад лӕгтӕ равзӕрста ӕмӕ сӕ хицӕуттӕй сӕвӕрдта: кӕй — мин лӕгӕн, кӕй — фондзыссӕдз, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз, кӕй — дӕс.


Чи зоны, кӕд нын Хуыцау фӕтӕригъӕд кӕнид, Йӕ судзгӕ мастӕй нӕ бахизид ӕмӕ кӕд нӕ фесӕфиккам».


«Елеазары фырт, сауджын Аароны фырты фырт Пинхас мын Мӕ маст аздӕхта израилӕгтӕй, афтӕ ӕнувыд Мыл кӕй разындис, уымӕй, ӕмӕ, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, Ӕз нал ныццагътон израилӕгты.


уымӕн ӕмӕ уын знаггад кӕнынц. Пеормӕ дӕр уыдоны аххосӕй бабӕллыдыстут ӕмӕ, Пеоры фыдӕй рын куы сыстад, уӕд цы сылгоймаг фӕмард ис, мидианӕгты фӕтӕджы чызг Козби, уый дӕр со хо уыди».


Ӕгас Израил фехъусдзысты уыцы хабар, тас сыл бахӕцдзӕн, ӕмӕ ахӕм ми ничиуал бакӕндзӕн уе ’хсӕн.


уӕд сахары ӕппӕт цӕрджыты дӕр ныццӕгъд, ӕгас сахар ӕлгъыстаг фӕкӕн, ӕд ис, ӕд бис, суанг фосы дӕр-иу карды амӕттаг бакӕн.


Мацы баззайӕд дӕ къухы уыцы ӕлгъыстаг фӕллойӕ, цӕмӕй дӕм Дунедарӕгӕн Йӕ маст ма ссудза, Йӕ хорзӕх дын ратта ӕмӕ, дӕ фыдӕлтӕн куыд расомы кодта, афтӕ дын дӕ мыггаг сбирӕ кӕна.


Искӕмӕн йӕ фыдракӕнды тыххӕй марыны тӕрхон куы ӕмбӕла ӕмӕ йӕ куы ’рцауындзат,


уӕд мардӕн ӕхсӕвы хъӕдыл ауыгъдӕй ныууадзӕн нӕй, ӕмбойны йӕ баныгӕнын хъӕуы. Хъӕдыл ауыгъд Хуыцауӕй ӕлгъыст у! Уӕдӕ ма чъизи кӕнут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕхх!


Уӕхи цӕстӕй федтат, Дунедарӕг Баал-Пеоры цытӕ бакодта, уый: Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Баал-Пеоры фӕстӕ чидӕриддӕр адзӕгъӕл ис, уыдонӕн сӕ мыггаг сыскъуыдта.


Пеоры цы тӕригъӕд ракодтат, уый уын фаг нӕу? Абоны онг дӕр дзы куы нӕма ссыгъдӕг стӕм ӕмӕ Дунедарӕджы дзыллӕ уый тыххӕй куы баййӕфта ӕфхӕрд!


Иуахӕмы фӕсидт Израилы адӕммӕ, сӕ хистӕртӕм, сӕ хицӕуттӕм, сӕ тӕрхонгӕнджытӕм ӕмӕ сӕ хъусдарджытӕм, ӕмӕ сын загъта: «Ныр ӕз мӕ тӕккӕ зӕронды кармӕ бахӕццӕ дӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan