Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 25:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Бандӕгъдысты израилӕгтӕ Баал-Пеорыл, ӕмӕ сӕм Дунедарӕджы маст ссыгъди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 25:3
13 Iomraidhean Croise  

Бафӕдзӕхсдзӕни дӕ Йӕ зӕдтӕн — дӕ алы фӕндагыл дӕ бахъахъхъӕндзысты.


Дӕхи аххосӕй, цы зӕххы хай дын радтон, уымӕй ӕнӕхай фӕуыдзынӕ, кӕй нӕ зоныс, уыцы бӕстӕйы дӕ Ӕз де знӕгтӕн цагъайраг скӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕ маст ссыгъди ӕмӕ ӕнусмӕ дӕр нӕ ахуысдзӕн».


Ӕз уын уӕ чызджыты сӕ хъахбай миты тыххӕй нӕ бафхӕрдзынӕн, стӕй уӕ чындзыты дӕр се ’нӕуаг миты тыххӕй Мӕ азары хай нӕ бакӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр хъахбайтӕ стут ӕмӕ нывӕндтӕ дӕр хъахбайтимӕ хӕссут, ницызонӕг адӕм та сӕфынц.


«Ӕдзӕрӕг быдыры сӕнӕфсирау Ӕз ссардтон Израилы, сӕ фыдӕлтӕ Мын уыдысты легъуи бӕласы фыццаг дыргъау. Фӕлӕ Баал-Пеормӕ куы ацыдысты ӕмӕ сӕхи уыцы ӕлгъаг гуымирыйӕн куы снывонд кодтой, уӕд сӕхӕдӕг дӕр сӕлгъаг сты уыйау.


Моисей загъта Израилы фӕтӕгтӕн: «Алчидӕр уӕ, йӕ адӕмӕй Баал-Пеормӕ чи кувы, уыдоны амарӕд».


Афтӕмӕй та, Балаамы уынаффӕмӕ гӕсгӕ, уыдон израилӕгты бацардыдтой Дунедарӕджы ныхмӕ, цӕмӕй Йыл сӕхи атигъ кӕной ӕмӕ Пеоры ’рдӕм фӕуой; ӕмӕ Дунедарӕджы дзыллӕйыл рын сыстад.


Пеоры цы тӕригъӕд ракодтат, уый уын фаг нӕу? Абоны онг дӕр дзы куы нӕма ссыгъдӕг стӕм ӕмӕ Дунедарӕджы дзыллӕ уый тыххӕй куы баййӕфта ӕфхӕрд!


Израилӕгтӕ, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы хъуыддӕгтӕ уыдысты, уыдоныл фӕцалх сты, Баалтӕн лӕггад кодтой.


Сӕ Хуыцауы ныууагътой, Баалтӕн ӕмӕ Астартӕтӕн лӕггад кодтой.


Дунедарӕг сыл абырджыты сагъуыйын кодта, ӕмӕ сӕ стыгътой. Сӕ алыварс цӕрӕг знӕгты къухтӕм сӕ радта, ӕмӕ израилӕгтӕн сӕ ныхмӕ хӕцын сӕ бон нал уыди.


Дунедарӕг Израилмӕ тынг смӕсты ис ӕмӕ загъта: «Кӕд ацы адӕм, сӕ фыдӕлтимӕ сын цы фидыд сарӕзтон, уый халынц ӕмӕ Мӕм нӕ хъусынц,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan