Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 24:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Йӕхи ӕруагъта зӕххыл, домбайау ӕрхуыссыд — чи йӕ бауӕнддзӕн бахъыгдарын? Дӕуӕн арфӕ чи ракӕна, уый арфӕгонд у, чи дӕ фелгъита — ӕлгъыст».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 24:9
21 Iomraidhean Croise  

Арфӕ дын чи ракӕна, уыдонӕн Ӕз дӕр раарфӕ кӕндзынӕн, чи дӕ рафауа, уыдоны та ӕлгъыстаг фӕкӕндзынӕн. Дӕ фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр».


Алы адӕмтӕ дын лӕггад цы кӕной, дӕ разы-иу сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы амонд дӕр дын Йӕ цӕст бауарзӕд! Де ’фсымӕртӕн ӕлдариуӕг цы кӕнай ӕмӕ-иу уыдон дӕ разы сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы арфӕ дын раттӕд! Ӕлгъитгӕ дӕ чи ракӕна, уымӕн-иу йе ’лгъыст йӕхиуыл ӕрцӕуӕд, арфӕ дын чи ракӕна, уымӕн та-иу Хуыцау раарфӕ кӕнӕд!»


Иудӕ — домбайы лӕппын; дӕ амӕттагыл уӕлахиз кӕныс, мӕ фырт. Уый йӕхи ӕруадзы домбайау, мадӕл домбайау зӕххыл ӕрхуыссы — чи йӕ бауӕнддзӕн бахъыгдарын?


Паддзахы къӕлӕтджынмӕ цыди ӕхсӕз къахӕвӕрӕны, алкӕмӕн дӕр дзы йӕ фӕйнӕфарс уыди фӕйнӕ цонгӕнцайӕны, уыдоны раз та — фӕйнӕ домбайы фӕлгонцы. Бынӕй йыл фидаргонд уыди сыгъзӕрин къахӕвӕрӕн.


Аман йӕ бинойнаг Зереш ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕн куы радзырдта йӕ хабӕрттӕ, уӕд ын уынаффӕ чи бакодта, уыдон дӕр ӕмӕ йӕ ус Зереш дӕр загътой: «Кӕд ӕмӕ, дӕлдӕр кӕнын цы Мардохейы аххосӕй райдыдтай, уый иудейаг у, уӕд ын дӕ бон ницы бауыдзӕн, тынг ныллӕг ӕрхаудзынӕ йӕ разы».


Йе ’хснырстӕй арв ферттивы, йӕ цӕстытӕ — сӕуӕхсиды ӕнгӕс;


Кадджын Ӕй кӕнут сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, цӕмӕй уӕм ма смӕсты уа, ӕмӕ фыдвӕндаг ма фӕуат! Уайтагъд рафыцдзӕни Йӕ маст! Тӕхудиаг сты, йӕхи Йыл чи бафӕдзӕхста, уыдон!


Куы йӕм хъусат ӕмӕ, Ӕз цы зӕгъон, уый куы ӕххӕст кӕнат, уӕд уыдзынӕн уӕ фыдгулты фыдгул ӕмӕ уе ’фхӕрджыты ӕфхӕрӕг.


Дунедарӕг мын загъта: «Домбай йӕ амӕттаджы сӕрмӕ куыд фӕрыхы, суанг йӕ ныхмӕ бирӕ фыййӕуттӕ куы ’рӕмбырд вӕййынц, уӕд дӕр сӕ хъӕрӕй ӕмӕ сӕ уынӕрӕй куыннӕ фӕтӕрсы, афтӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг дӕр тох кӕндзӕни Сионы сӕраппонд, ацы хохы сӕрвӕлтау.


Йаковы байзӕддӕгтӕй чи аирвӕза, уыдон ӕнӕнымӕц адӕмтӕ ӕмӕ знӕмты астӕу уыдзысты, домбай хъӕды сырдты, лӕппын домбай фысты рӕгъауы ’хсӕн куыд вӕййы, афтӕ: куы сӕм бабырсы, уӕд сӕ ныссӕнды ӕмӕ сӕ аскъуыдтӕ кӕны.


Ӕмӕ загъта Хуыцау Балаамӕн: «Ма ацу семӕ; ма фелгъит уыцы адӕмы, уымӕн ӕмӕ арфӕгонд сты».


Ӕвӕстиатӕй мӕм рацу ӕмӕ мын фелгъит уыцы адӕмы, уымӕн ӕмӕ уыдон мӕнӕй тыхджындӕр сты. Чи зоны, ӕмӕ мын сӕ афтӕмӕй басӕттын ӕмӕ мӕ зӕххӕй атӕрын бантысид, уымӕн ӕмӕ зонын: ды арфӕ кӕмӕн ракӕнай, уый арфӕгонд у, ды кӕй фелгъитай, уый — ӕлгъыст».


Ацы адӕм сыстынц домбайау ӕмӕ, цалынмӕ сӕ амӕттаджы акъабӕзтӕ кӕнынц ӕмӕ тугӕй бафсӕдынц, уӕдмӕ ӕнцой нӕ зонынц».


Рафыхти Балакӕн йӕ маст Балааммӕ, йӕ къухтӕ йыл сцагъта ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕм ме знӕгты ралгъитынмӕ фӕдзырдтон, ды та сын ныр ӕртыккаг хатт арфӕ кӕныс!


Ӕмӕ сын Паддзах дзуапп ратдзӕн: „Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ ацы кӕстӕр ӕфсымӕртӕй иуӕн цы сарӕзтат, уый Мӕнӕн сарӕзтат“.


Ӕмӕ сын Паддзах дзуапп ратдзӕн: „Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ацы кӕстӕртӕй иуӕн цы нӕ бакодтат, уый Мӕнӕн нӕ сарӕзтат“.


Савл бафарста: «Чи дӕ, Бардарӕг?» Дзуапп ын рардӕуыд: «Ды Кӕй ӕфхӕрыс, Ӕз уыцы Йесо дӕн. [Зын дын у цыргъ михы ныхмӕ бырсын».


Уӕд Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ацы ӕлгъыстытӕ иууылдӕр уе знӕгты, чи уӕ нӕ уарзы ӕмӕ уӕ фӕдыл чи зылд, уыдоны ныхмӕ сараздзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan