Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 24:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 куыд рӕсугъд сты дӕ цатыртӕ, Йаков, дӕ цӕрӕнтӕ, Израил!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 24:5
13 Iomraidhean Croise  

уымӕн ӕмӕ уыдон израилӕгтыл дзул ӕмӕ донимӕ нӕ сӕмбӕлдысты, фӕлӕ сын сӕ ныхмӕ баххуырстой Балаамы, цӕмӕй сӕ ралгъита, фӕлӕ уыцы фыдӕлгъыст нӕ Хуыцау раивта арфӕйӕ.


О Дунедарӕг! Дӕ бӕстӕйӕн саккаг кодтай Дӕ хорзӕх, уацарӕй раздӕхтай Йаковы байзӕддаджы.


Мӕнӕ Фембӕлды Цатыр саразыны хӕрдзтӕ. Моисейы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ сӕ бахыгътой левиттӕ, сауджын Аароны фырт Итамар сӕ сӕргъы, афтӕмӕй.


О мӕ уарзон! Къахӕй сӕрмӕ диссаджы рӕсугъд дӕ! Иу аипп дӕр дӕм нӕй ссарӕн!


— О мӕ уарзон! Йерусалимау, Тирцайау рӕсугъд дӕ, тырысатимӕ цӕуӕг ӕфсӕдтау — тасӕфтауӕг!


Авд боны дӕргъы-иу халагъудты цӕрут. Израилы алы бынӕттон цӕрӕг дӕр уыцы бонты цӕрӕд халагъуды,


Уыдӕттӕ чи кӕны ӕмӕ афтӕмӕй Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн нывӕндтӕ чи хӕссы, уымӕн Дунедарӕг Израилы цатырты йӕ байзӕддӕгты иууылдӕр ныццӕгъддзӕн.


Дунедарӕг Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, алцыдӕр афтӕ бакодтой израилӕгтӕ — рӕсӕнуаты сӕ чи куыд лӕууыди йе ’фсадимӕ, фӕндагыл дӕр цыдысты афтӕ: алчи — йӕхи мыггаг, йӕхи хӕдзарвӕндагимӕ.


Балаам афӕлгӕсыд ӕмӕ федта Израилы фырттӕй алкӕй дӕр йӕ бынаты хӕдзарвӕндаггай лӕугӕ. Хуыцауы Уд ыл ӕртыхсти,


Хуыцауы ныхӕстӕ чи хъусы, Ӕппӕтхъомысы цӕстылуайӕнтӕ чи уыны, зӕххыл чи ӕрхауы, фӕлӕ йӕ цӕстытӕ гомӕй кӕмӕн баззайынц, уый:


Сӕхи айтыгътой цъӕх дӕлвӕзтау, доны был дыргъдӕттау, Дунедарӕг кӕй ныссагъта, цыма суадоны раз кедртӕ, уыцы алой бӕлӕстау!


Тӕхудиаг дӕ ды, Израил! Кӕм ис сымахӕн ӕмбал, Дунедарӕг йӕ хъахъхъӕнӕг, йӕ уарт ӕмӕ йӕ кады кард кӕмӕн у, уыцы адӕм? Сымахӕн уе знӕгтӕ ӕрныллӕг уыдзысты уӕ разы, сымах та сын сӕ фӕсонтыл къахӕй лӕудзыстут».


Фӕлӕ Мӕн нӕ бафӕндыди Балаамы ӕлгъыстытӕм хъусын, ӕмӕ уын уый раарфӕ кодта, ӕмӕ уӕ Ӕз афтӕмӕй йе ’лгъысты азарӕй фервӕзын кодтон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan