4 Хуыцауы ныхӕстӕ чи хъусы, Ӕппӕтхъомысы цӕстылуайӕнтӕ чи уыны, зӕххыл чи ӕрхауы, фӕлӕ йӕ цӕстытӕ гомӕй кӕмӕн баззайынц, уый:
Ацы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ма тӕрс, Аврам! Ӕз дӕ хъахъхъӕнын уартау. Стыр уыдзӕни дӕ хӕрзиуӕг».
Хур ӕрныгуылыны афон Аврам тарф фынӕй баци; ӕвирхъау тас йӕ зӕрдӕйы ныххызт, ӕмӕ йыл дуне баталынг ис.
Уӕд ын Миха дзуапп радта: «Ӕз уынын: Израилы ӕфсад ӕнӕфыййау фыстау ныххӕлиу уыдзӕни хӕхтыл. Дунедарӕг зӕгъы: хицау сын нӕй ӕмӕ сӕ алчидӕр сӕрӕгасӕй фарнимӕ бацагурӕд йӕ хӕдзар».
Къӕвдабон арвыл ӕврӕгъты цы арвӕрдын фӕзыны, уый ӕнгӕс уыди рухс Йӕ алыварс.
Дунедарӕг загъта: «Байхъусут мӕ ныхӕстӕм: Кӕд уе ’хсӕн Дунедарӕджы пехуымпар вӕййы, уӕд ӕм Ӕз йӕ цӕстылуайӕнты раргом кӕнын Мӕхи, фыны фӕдзурын йемӕ.
Ӕмӕ рацыди Дунедарӕг Балааммӕ ӕхсӕвы ӕмӕ йын загъта: «Кӕд дӕм ацы адӕм хонӕг ӕрбацыдысты, уӕд сыст ӕмӕ ацу семӕ, фӕлӕ дын Ӕз цы зӕгъон, ӕрмӕстдӕр уый кӕн».
Байгом кодта Дунедарӕг Балаамы цӕстытӕ, ӕмӕ уый федта Дунедарӕджы зӕды: кардӕлвӕстӕй лӕууыди фӕндагыл. Ӕрхаудта Балаам йӕ зонгуытыл, зӕххыл ныддӕлгом ис.
Ӕмӕ загъта йӕ ныхас: «Дзуры Балаам, Беоры фырт, цы уыдзӕн, уый развӕлгъау чи зоны, уыцы лӕг,
куыд рӕсугъд сты дӕ цатыртӕ, Йаков, дӕ цӕрӕнтӕ, Израил!
Уалынджы тынг сыстонг ис ӕмӕ йӕм хӕрын ӕрцыд. Цалынмӕ хӕринаг цӕттӕ кодтой, уӕдмӕ федта цӕстылуайӕн:
Ныр Петрӕн та йӕ хъуыдытӕ уыдысты, цы федта, ууыл. Сыгъдӕг Уд ын загъта: «Ӕртӕ лӕджы дӕ агурынц дӕлӕ.
Йерусалиммӕ куы ӕрбаздӕхтӕн ӕмӕ Кувӕндоны куы куывтон, уӕд цӕстылуайӕны федтон Бардарӕджы. Уый мын загъта: „Рӕвдздӕр ацу Йерусалимӕй, уымӕн ӕмӕ, Мӕн тыххӕй ацы ран куы дзурай, уӕд дын дӕ ныхасыл нӕ баууӕнддзысты“.
Хуыцаубоны ӕз уыдтӕн Сыгъдӕг Удӕй разӕнгард ӕмӕ фӕстейӕ фехъуыстон нӕргӕ хъӕлӕс, сыкъауадындзы зӕлыны хуызӕн: «[Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг.]
Ӕмӕ Йӕ ӕз куы федтон, уӕд мардау Йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудтӕн. Уӕд мыл Уый ӕрӕвӕрдта Йӕ рахиз къух ӕмӕ мын загъта: «Ма тӕрс. Ӕз дӕн Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг,
Саул дӕр, иннӕтау, йӕ дарӕс феппӕрста ӕмӕ пехуымпариуӕг кодта Самуелы раз, цалынмӕ йӕ къӕхтыл лӕууыд, уӕдмӕ. Стӕй ӕрхауди, ӕнӕхъӕн бон ӕмӕ ӕгас ӕхсӕв бӕгънӕгӕй зӕххыл фӕци. Уымӕн афтӕ фӕзӕгъынц: «Ау, Саул дӕр пехуымпар сси?»