22 Фӕлӕ Каин гӕныстонмӕ ’рцӕудзӕн, Ассири уӕ уацары куы акӕна, уӕд».
Уыцы зӕххӕй ацыди Ассиримӕ, ӕмӕ уым сарӕзта сахартӕ Ниневи, Реховот-Ир ӕмӕ Калах,
Цот рацыди Симӕн дӕр. Уый у Еверы ӕппӕт байзӕддӕгты фыдӕл, Йафеты хистӕр ӕфсымӕр.
Симы байзӕддӕгтӕ: Елам, Ассир, Арфахсад, Луд, Арам. Алкӕмӕй дӕр дзы равзӕрди хицӕн адӕмыхатт — йӕхи ӕвзаг ӕмӕ йӕхи зӕххы хайыл цӕрӕг знӕмтимӕ.
Ныр дзы цӕрынц кенӕгтӕ, кенизӕгтӕ, кедмонӕгтӕ,
Зоровавел ӕмӕ мыггӕгты хистӕртӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ сын загътой: «Мах дӕр уемӕ Кувӕндон араздзыстӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ Ассирийы паддзах Есар-Хаддон ам куы ’рцӕрын кодта, уӕдӕй абонмӕ мах дӕр сымахау нӕхи уӕ Хуыцауыл фӕдзӕхсӕм ӕмӕ Йын нывӕндтӕ хӕссӕм».
Фӕндагыл фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны сӕ хъару, Сионы хохыл Хуыцауы раз ӕрлӕууынц.
Скувут Дунедарӕгмӕ ӕмӕ Йын зӕгъут: «Ныббар нын нӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ нын айс нӕ куывд, нӕ дзыхы ныхас Дын ӕрхӕсдзыстӕм нывондӕн.
Загъта йӕ ныхас Балаам: «Оххай! Йӕ фӕнд куы сӕххӕст кӕна Хуыцау, уӕд ма удӕгасӕй чи баззайдзӕни?