Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 24:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Балаам афӕлгӕсыд ӕмӕ федта Израилы фырттӕй алкӕй дӕр йӕ бынаты хӕдзарвӕндаггай лӕугӕ. Хуыцауы Уд ыл ӕртыхсти,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 24:2
17 Iomraidhean Croise  

Хуыцауы Уд ӕртыхсти Одеды фырт Азариайыл,


— Чи у уый, чи ӕрттивы сӕуӕхсидау? Мӕйау диссаджы рӕсугъд чи у? Чи ныррухс ис хурау? Тырысатимӕ цӕуӕг ӕфсӕдтау чи у тасӕфтауӕг?


— О мӕ уарзон! Йерусалимау, Тирцайау рӕсугъд дӕ, тырысатимӕ цӕуӕг ӕфсӕдтау — тасӕфтауӕг!


куыд рӕсугъд сты дӕ цатыртӕ, Йаков, дӕ цӕрӕнтӕ, Израил!


Симон Кананит ӕмӕ Иудӕ Искариот — Йесойыл фӕстӕдӕр гадзрахатӕй чи рацыди, уый.


Дзӕбӕх кӕнут рынчынты, ӕгас кӕнут мӕрдты, сыгъдӕг кӕнут хъотырджынты, сурут дӕлимонты. Лӕвар райстат — лӕвар дӕттут.


Бирӕтӕ Мын уыцы бон дзурдзысты: «Хицау, Хицау, мах Дӕ номӕй пехуымпариуӕг нӕ кодтам? Дӕ номӕй дӕлимонты нӕ сырдтам? Бирӕ диссӕгтӕ не ’вдыстам Дӕ номӕй?»


Дӕлимонтыл уӕ бон кӕй цӕуы, ууыл ма цин кӕнут — уӕ нӕмттӕ уӕлӕрвты фыст кӕй сты, ууыл цин кӕнут».


Хуыцаубоны ӕз уыдтӕн Сыгъдӕг Удӕй разӕнгард ӕмӕ фӕстейӕ фехъуыстон нӕргӕ хъӕлӕс, сыкъауадындзы зӕлыны хуызӕн: «[Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг.]


Хуыцауы Уд Гофниелыл ӕртыхсти, ӕмӕ уый сси Израилы фӕтӕг. Гофниел хӕстон балцы ацыд, ӕмӕ йын Дунедарӕг Арамы паддзах Кушан-Ришатаимы йӕ къухмӕ радта.


Гевӕмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд амбӕлдысты пехуымпарты къордыл. Дунедарӕджы Уд ӕртыхсти Саулыл, ӕмӕ уый дӕр пехуымпариуӕг кӕнын райдыдта.


Ӕмӕ Саул йӕ чапарты арвыста Давиды ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ уыдон пехуымпарты къорды, Самуел сӕ сӕргъы, афтӕмӕй пехуымпариуӕггӕнгӕ куы федтой, уӕд схайджын сты Хуыцауы Удӕй ӕмӕ уыдон дӕр пехуымпариуӕг кӕнын райдыдтой.


Саул уырдӕм араст. Фӕндагыл уый дӕр схайджын ис Хуыцауы Удӕй ӕмӕ, пехуымпариуӕггӕнгӕ, схӕццӕ ис Рамайы цурмӕ, Найотмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan