Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 24:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Йаковы байзӕддаг хицау суыдзӕн, сахары ма чи баззади, уыдоны ныццӕгъддзӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 24:19
19 Iomraidhean Croise  

Иудӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзӕн, йӕ байзӕддаг паддзахы бадӕнӕй нӕ фӕхаудзӕн, цалынмӕ, паддзахы бартӕ Кӕмӕ сты, Уый не ’рцӕуа, ӕмӕ адӕмтӕ Йӕ дӕлбар не суой, уӕдмӕ.


Уыцы заман куы ралӕууа, уӕд, Йессейы Ӕвзарӕй цы тала сырӕза, уый адӕмтӕн суыдзӕни цӕстуынгӕ нысан, адӕмтӕ йӕ бацагурдзысты. Цы бынаты ӕрцӕра, уымӕн йӕ кады кой айхъуысдзӕни дӕрдтыл.


Ды та, Вифлеем-Ефрафӕ, кӕд Иудӕйы хӕдзарвӕндӕгтӕн сӕ къаддӕр дӕ, уӕддӕр Мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ дӕуӕй рацӕудзӕн Израилы Бардарӕг, незаманты, ӕнусты размӕ Чи равзӕрдис, Уый.


Уый фӕзындзӕн ӕмӕ сӕ хиздзӕн Дунедарӕджы хъаруйӕ, Йӕ Дунедарӕг Хуыцауы хъомысджын номимӕ. Ӕмӕ цӕрдзысты ӕдасӕй, уымӕн ӕмӕ уыцы заман зӕххы кӕрӕттӕм аххӕсдзӕни Йӕ хъомыс.


Саст ӕрцӕудзӕн Едом, знаджы къухмӕ бахаудзӕн Сеир, Израил та йӕ хъару равдисдзӕн.


Ӕркасти Балаам амалекӕгтӕм ӕмӕ загъта: «Адӕмты фыццаг — амалекӕгтӕ, фӕлӕ сӕ мыггаг дӕр нал баззайдзӕн».


Ӕмӕ уыдон ацӕудзысты ӕнусмӕ хъизӕмар кӕнынмӕ, рӕстудтӕ та — ӕнусон цардмӕ».


Йесо сӕм ӕрбахӕстӕг ис ӕмӕ сын загъта: «Арв ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт бартӕ дӕр Мӕнӕн лӕвӕрд сты.


Йесо загъта: «Иу лӕг, уӕздан мыггагӕй, дард бӕстӕм цӕуинаг уыди, цӕмӕй уым паддзахы бартӕ райстаид ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхтаид.


Паддзах сын уон, уый кӕй нӕ фӕндыди, мӕ уыцы знӕгты та ӕрбакӕнут ӕмӕ сӕ ам мӕ разы амарут“».


Уымӕн ӕмӕ Чырысти хъуамӕ паддзахиуӕг кӕна, цалынмӕ Йын Хуыцау ӕппӕт знӕгты Йӕ къӕхты бын ӕрӕвӕра, уӕдмӕ.


Фырты тыххӕй та: «Хуыцау, Дӕ паддзахы бадӕн у ӕнусон. Дӕ Паддзахады лӕдзӕг — рӕстдзинады лӕдзӕг.


Уый ацыд уӕларвмӕ, бады Хуыцауы рахизфарс, Йӕ дӕлбар сты ӕппӕт уӕларвон зӕдтӕ, барадтӕ ӕмӕ тыхтӕ.


Йӕ пӕлӕзыл, Йӕ фарсыл фыст ис Йӕ ном: «Паддзӕхты Паддзах ӕмӕ хицӕутты Хицау».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan