Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 24:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Хуыцауы ныхӕстӕ чи хъусы, йӕ зонынад Иууылбӕрзондӕй лӕвӕрд кӕмӕн у, Ӕппӕтхъомысы цӕстылуайӕнтӕ чи уыны, зӕххыл чи ӕрхауы, фӕлӕ йӕ цӕстытӕ гомӕй кӕмӕн баззайынц, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 24:16
9 Iomraidhean Croise  

Салимы паддзах Мелхиседек дӕр — Иууылбӕрзонд Хуыцауы сауджын — рахаста дзул ӕмӕ сӕн


Аврамыл нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы куы цыдис, уӕд ӕм Дунедарӕг ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дӕн. Кӕс Мӕ коммӕ ӕмӕ у ӕнаипп!


Ӕмӕ загъта йӕ ныхас: «Дзуры Балаам, Беоры фырт, цы уыдзӕн, уый развӕлгъау чи зоны, уыцы лӕг,


Цы нӕма ӕрцыди, уый уынын, нырма дард цы у, уый мӕм зыны; Йаковӕй стъалы ссыди, растади Израилы лӕдзӕг — ныссӕтдзӕн Моавы тӕрных, ныззыгуым кӕндзӕн Шеты байзӕддӕгты.


ӕмӕ загъта: «Дзуры Балаам, Беоры фырт, цы уыдзӕн, уый развӕлгъау чи зоны,


Хуыцауы ныхӕстӕ чи хъусы, Ӕппӕтхъомысы цӕстылуайӕнтӕ чи уыны, зӕххыл чи ӕрхауы, фӕлӕ йӕ цӕстытӕ гомӕй кӕмӕн баззайынц, уый:


Кӕд мӕм ис пехуымпар ныхас кӕныны курдиат, зонын ӕппӕт сусӕгдзинӕдтӕ, ис мӕм алы зонынад, стӕй хӕхтӕ ӕндӕр ран ӕрӕвӕрын кӕй бон у, ахӕм уырнындзинад, уарзт та мӕм нӕй, — уӕд ӕз ницы дӕн.


Ныр та мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндты тыххӕй. Мах ӕмбарӕм, не ’ппӕтмӕ дӕр зонынад кӕй ис, уый. Фӕлӕ зонынад адӕймаджы хиуыл ӕввӕрсын кӕны, уарзондзинад та фидаргӕнӕг у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan