Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 24:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Фесӕф мӕ разӕй, згъоргӕ кӕн уӕхимӕ! Мӕ зӕрды дын скад кӕнын уыди, фӕлӕ дӕ Дунедарӕг кадӕй ӕнӕхай фӕкодта».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 24:11
10 Iomraidhean Croise  

Тынг дӕ скадджын кӕндзынӕн, цыдӕриддӕр мын зӕгъай, уый бакӕндзынӕн. Рацу ӕмӕ мын уыцы адӕмы ралгъит“».


Ӕмӕ загъта Балак Балаамӕн: «Ӕз дӕм куы арвыстон, уӕд мӕм цӕуылнӕ цыдтӕ? Исты дын мӕ бон кад скӕнын нӕу?»


Рафыхти Балакӕн йӕ маст Балааммӕ, йӕ къухтӕ йыл сцагъта ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕм ме знӕгты ралгъитынмӕ фӕдзырдтон, ды та сын ныр ӕртыккаг хатт арфӕ кӕныс!


Ӕмӕ загъта Балаам Балакӕн: «Дӕ минӕвӕрттӕн афтӕ куы загътон:


Петр ын дзуапп радта: «Де ’хца демӕ фесӕфӕд, уымӕн ӕмӕ ды афтӕ ӕнхъӕл дӕ, цыма Хуыцауы хорзӕхӕн ӕхцайӕ балхӕнӕн ис.


Уый нӕ, фӕлӕ, тӕккӕ зынаргъдӕр цы у, уый сӕраппонд — Йесо Чырыстийы базоныны сӕраппонд — ӕз ӕппӕт дӕр нымайын ницӕуыл. Чырыстийы тыххӕй ӕнӕхай фӕдӕн алцӕмӕй дӕр, ӕппӕт дӕр нымайын быроныл, цӕмӕй мӕ иунӕг хӕзна уа Чырысти,


Кӕсут уӕхимӕ, цӕуыл фӕкуыстам, уый куыд нӕ фесафат, фӕлӕ уӕ хӕрзиуӕг ӕххӕстӕй куыд райсат, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan