Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 24:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Рафыхти Балакӕн йӕ маст Балааммӕ, йӕ къухтӕ йыл сцагъта ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕм ме знӕгты ралгъитынмӕ фӕдзырдтон, ды та сын ныр ӕртыккаг хатт арфӕ кӕныс!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 24:10
15 Iomraidhean Croise  

уымӕн ӕмӕ уыдон израилӕгтыл дзул ӕмӕ донимӕ нӕ сӕмбӕлдысты, фӕлӕ сын сӕ ныхмӕ баххуырстой Балаамы, цӕмӕй сӕ ралгъита, фӕлӕ уыцы фыдӕлгъыст нӕ Хуыцау раивта арфӕйӕ.


Адӕм-иу сӕ къухтӕ кӕрӕдзиуыл ныкъкъӕрц ласдзысты, къуыззитт кӕндзысты, йӕ фӕдыл кӕсгӕйӕ.


Ды та, адӕймаджы фырт, пехуымпариуӕг кӕн, дӕ армытъӕпӕнтӕ кӕрӕдзиуыл ӕрцӕвгӕйӕ. Фӕдывӕр ӕмӕ, зӕгъ, фертывӕр уыдзӕни карды тых, йӕ амӕттаг кӕй кӕна, уыдоны ныхмӕ, уыимӕ стыр паддзахы ныхмӕ, ӕмӕ сӕ арф ныррӕхойдзӕн.


Ӕз дӕр Мӕ армытъӕпӕнтӕ кӕрӕдзиуыл ӕрцӕвдзынӕн, ӕмӕ уӕд ссӕудзӕни Мӕ маст. Афтӕ зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг!»


Ныр Ӕз Мӕ армытъӕпӕнтӕ кӕрӕдзиуыл ӕрцавтон, кӕрӕф кӕй разындтӕ ӕмӕ де ’хсӕн туг кӕй кӕлы, уый тыххӕй.


мӕнӕ, дам, Мысырӕй рацӕуӕг адӕм зӕххӕн уӕз кӕнынц, ӕмӕ рацу, фелгъит мын сӕ, кӕд семӕ схӕцын мӕ бон суаид ӕмӕ сӕ атӕрин!»


Тынг дӕ скадджын кӕндзынӕн, цыдӕриддӕр мын зӕгъай, уый бакӕндзынӕн. Рацу ӕмӕ мын уыцы адӕмы ралгъит“».


Ӕвӕстиатӕй мӕм рацу ӕмӕ мын фелгъит уыцы адӕмы, уымӕн ӕмӕ уыдон мӕнӕй тыхджындӕр сты. Чи зоны, ӕмӕ мын сӕ афтӕмӕй басӕттын ӕмӕ мӕ зӕххӕй атӕрын бантысид, уымӕн ӕмӕ зонын: ды арфӕ кӕмӕн ракӕнай, уый арфӕгонд у, ды кӕй фелгъитай, уый — ӕлгъыст».


Ӕмӕ загъта Балак Балаамӕн: «Цы ми мын кӕныс? Ӕз дӕ ме знӕгты ралгъитынмӕ ӕрбакодтон, ды та сын арфӕ кӕныс!»


Фесӕф мӕ разӕй, згъоргӕ кӕн уӕхимӕ! Мӕ зӕрды дын скад кӕнын уыди, фӕлӕ дӕ Дунедарӕг кадӕй ӕнӕхай фӕкодта».


Йӕхи ӕруагъта зӕххыл, домбайау ӕрхуыссыд — чи йӕ бауӕнддзӕн бахъыгдарын? Дӕуӕн арфӕ чи ракӕна, уый арфӕгонд у, чи дӕ фелгъита — ӕлгъыст».


Афтӕ уыд ӕртӕ хатты, стӕй сӕ иууылдӕр систӕуыд уӕларвмӕ.


Уымӕ гӕсгӕ сын цӕргӕбонты хорзӕй мацы ракӕнут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan