Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 24:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ӕмӕ федта Балаам, Дунедарӕджы фӕндон кӕй у Израилӕн арфӕ кӕнын, ӕмӕ раздӕрау ӕвдисӕйнӕгтӕ нал агуырдта, фӕлӕ йе ’ргом ӕдзӕрӕг быдырмӕ аздӕхта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 24:1
13 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ сыстад Балаам сӕумӕрайсом ӕмӕ загъта Балакы уӕздӕттӕн: «Цӕут уӕ бӕстӕм, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы нӕ фӕнды, цӕмӕй ӕз уемӕ ацӕуон».


Ацыдысты Моав ӕмӕ Мидианы хистӕртӕ. Балаамӕн мызд ахастой дӕсныфӕрсӕггаг ӕмӕ йын Балакы ныхӕстӕ рафӕзмыдтой.


Балаам загъта Балакӕн: «Афтӕ лӕуу ды дӕ иууылсудзинаджы раз, ӕз та уырдӕм, Йӕ размӕ, ауайон».


Арфӕ ракӕнынмӕ ӕвзӕрст ӕрцыдтӕн ӕз: Уый арфӕ ракодта, ӕмӕ йӕ мӕнӕн мӕ бон аивын нӕу.


Нӕй хин Йаковы ныхмӕ, ӕдых у кӕлӕн Израилы ныхмӕ. Дзурдзысты ныр Йаковӕй, Израилӕй: „Уынут, Хуыцау цытӕ кӕны!“


Балак Пеоры сӕрмӕ скодта Балаамы — уырдыгӕй ӕдзӕрӕг быдыр хорз зынди.


Балаам Балакӕн загъта: «Лӕуу ды дӕ иууылсудзинӕгты раз, ӕз та уал мӕхи иуварс айсон, кӕд Дунедарӕг мӕ размӕ рацӕуид, ӕмӕ мын цы раргом кӕна, уый дын радзурдзынӕн». Ацыди иунӕгӕй быгъдӕг къуыбырмӕ.


Балак, Балаам ын куыд загъта, афтӕ бакодта ӕмӕ нывӕндтӕ ӕрхаста: алы нывондхӕссӕныл дӕр — фӕйнӕ уӕныджы ӕмӕ фӕйнӕ фыры.


Афтӕмӕй та, Балаамы уынаффӕмӕ гӕсгӕ, уыдон израилӕгты бацардыдтой Дунедарӕджы ныхмӕ, цӕмӕй Йыл сӕхи атигъ кӕной ӕмӕ Пеоры ’рдӕм фӕуой; ӕмӕ Дунедарӕджы дзыллӕйыл рын сыстад.


Фӕлӕ дӕ уӕддӕр иу цасдӕр азымджыныл нымайын, уымӕн ӕмӕ сымахмӕ ис, Балаамы ахуырадыл хӕст чи у, ахӕмтӕ; Балаам та сахуыр кодта Балакы, ӕмӕ уый Израилы адӕмы сардыдта мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕ хӕрын ӕмӕ хӕлд митӕ кӕныныл.


Кӕд фендӕуыд афтӕ, ӕмӕ, йе знагыл чи сӕмбӕлд, уый йӕ фарнимӕ ауадза йӕ фӕндагыл? Дунедарӕг дын хорзӕй бафиддзӕн, абон мын цы хорздзинад сарӕзтай, уый!


Саул Зифы ӕдзӕрӕг быдырмӕ Давиды агурӕг ныццыд. Йемӕ уыди ӕртӕ мин лӕджы, Израилы ӕвзаргӕтӕ.


Саул Давидӕн загъта: «Хуыцауӕй арфӕгонд дӕ ды, мӕ хъӕбул Давид! Цӕмӕ бавналай, уый кӕронмӕ бакӕндзынӕ, цы дӕ бафӕнда, уый ӕнӕмӕнг дӕ къухы бафтдзӕн!» Давид ацыд йӕ фӕндагыл, Саул та аздӕхти йӕ бынатмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan