Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 23:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Балаам Балакӕн загъта: «Лӕуу ды дӕ иууылсудзинӕгты раз, ӕз та уал мӕхи иуварс айсон, кӕд Дунедарӕг мӕ размӕ рацӕуид, ӕмӕ мын цы раргом кӕна, уый дын радзурдзынӕн». Ацыди иунӕгӕй быгъдӕг къуыбырмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 23:3
16 Iomraidhean Croise  

Авраам акаст ӕмӕ федта: пыхсыты йӕ сытӕ ныссагъдысты иу фырӕн. Авраам ӕм бацыди, суӕгъд ӕй кодта ӕмӕ йӕ иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхаста йӕ фырты бӕсты.


Хуыцау загъта: «Демӕ ракӕн дӕ иунӕг, дӕ уарзон фырт Исаакы ӕмӕ араст у Мориайы зӕхмӕ, ӕмӕ йӕ уым, цы хохӕй дын зӕгъон, ууыл иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕсс».


Ной Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн. Уый фӕстӕ райста алы сыгъдӕг фосӕй ӕмӕ алы сыгъдӕг мӕргътӕй ӕмӕ йыл ӕрхаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ.


Моисейы каис Ифро Хуыцауӕн ӕрхаста иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ Йын кусӕрттӕ акодта. Ӕрбацыдысты Аарон ӕмӕ Израилы хистӕртӕ, цӕмӕй Хуыцауы раз иумӕ скомдзаг кӕной.


Дунедарӕг фӕсидти Моисеймӕ Фембӕлды Цатырӕй ӕмӕ йын загъта:


Уый йын дзуапп радта: «Дунедарӕг мын мӕ комы цы бавӕрдта, уый хъуамӕ, куыд у, афтӕ ма зӕгъон?»


Балаам загъта Балакӕн: «Афтӕ лӕуу ды дӕ иууылсудзинаджы раз, ӕз та уырдӕм, Йӕ размӕ, ауайон».


Балак, Балаам ын куыд загъта, афтӕ бакодта, ӕмӕ нывӕндтӕ ӕрхастой Балак ӕмӕ Балаам: алы нывондхӕссӕныл дӕр — фӕйнӕ уӕныджы ӕмӕ фӕйнӕ фыры.


Ӕмӕ Балаам дзуапп радта Балакӕн: «Афтӕ дын куы загътон, Дунедарӕг цыдӕриддӕр зӕгъа, уый бакӕндзынӕн, зӕгъгӕ».


Хуыцау уым Йӕхи раргом кодта Балааммӕ. Загъта Балаам: «Авд нывондхӕссӕны сарӕзтон ӕмӕ нывӕндтӕ ӕрхастон: алы нывондхӕссӕныл дӕр — фӕйнӕ уӕныджы ӕмӕ фӕйнӕ фыры».


Ӕмӕ федта Балаам, Дунедарӕджы фӕндон кӕй у Израилӕн арфӕ кӕнын, ӕмӕ раздӕрау ӕвдисӕйнӕгтӕ нал агуырдта, фӕлӕ йе ’ргом ӕдзӕрӕг быдырмӕ аздӕхта.


Уӕд та Йӕ хӕйрӕг иу бӕрзонд хохы сӕрмӕ скодта ӕмӕ Йын равдыста дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ сӕ кадимӕ.


Фӕлӕ Мӕн нӕ бафӕндыди Балаамы ӕлгъыстытӕм хъусын, ӕмӕ уын уый раарфӕ кодта, ӕмӕ уӕ Ӕз афтӕмӕй йе ’лгъысты азарӕй фервӕзын кодтон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan