26 Ӕмӕ Балаам дзуапп радта Балакӕн: «Афтӕ дын куы загътон, Дунедарӕг цыдӕриддӕр зӕгъа, уый бакӕндзынӕн, зӕгъгӕ».
Миха дзуапп радта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ӕрмӕстдӕр мын Дунедарӕг цы зӕгъа, уый дзурдзынӕн».
Миха загъта: «Дунедарӕгӕй ард хӕрын, ӕрмӕстдӕр мын мӕ Хуыцау цы зӕгъа, уый дзурдзынӕн».
Балаам загъта Балакы дӕлдӕртӕн: «Балак мын йӕ хӕдзар куы ратта, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй йемыдзагӕй, уӕд дӕр мӕ бон нӕ бауыдзӕн Дунедарӕджы, мӕ Хуыцауы, ныхасы сӕрты ахизын, Йе ’вастӕй чысыл кӕнӕ стыр исты саразын.
Ӕмӕ загъта Балаам Балакӕн: «Мӕнӕ дӕм ӕрбацыдтӕн ныр, фӕлӕ мӕ бон дзурын у? Хуыцау мын мӕ дзыхы цы бафтауа, уый дзурдзынӕн».
Ацыди Балаам Балакмӕ, ӕмӕ дын мӕнӕ йӕ иууылсудзинаджы уӕлхъус лӕууы, йӕ разы — Моавы уӕздӕттӕ. Бафарста Балак: «Цы загъта Дунедарӕг?»
Ӕмӕ Балак загъта Балаамӕн: «Ӕлгъитгӕ дӕр сӕ ма фӕкӕн ӕмӕ сын арфӕ дӕр ма ракӕн».
Балак загъта Балаамӕн: «Цом, ӕндӕр бынатмӕ дӕ акӕнон. Чи зоны, Хуыцауы зӕрдӕмӕ уый тынгдӕр фӕцӕуа, ӕмӕ мын сӕ уырдыгӕй ралгъитдзынӕ».
Балаам Балакӕн загъта: «Лӕуу ды дӕ иууылсудзинӕгты раз, ӕз та уал мӕхи иуварс айсон, кӕд Дунедарӕг мӕ размӕ рацӕуид, ӕмӕ мын цы раргом кӕна, уый дын радзурдзынӕн». Ацыди иунӕгӕй быгъдӕг къуыбырмӕ.
Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ дзуапп радтой: «Адӕмы коммӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы коммӕ хъуамӕ кӕсӕм.