24 Ацы адӕм сыстынц домбайау ӕмӕ, цалынмӕ сӕ амӕттаджы акъабӕзтӕ кӕнынц ӕмӕ тугӕй бафсӕдынц, уӕдмӕ ӕнцой нӕ зонынц».
Бениамин — тугдзых бирӕгъ, уый райсомӕй йӕ тӕлӕттаг хӕры, изӕры та йӕ амӕттаджы скъуыны».
Иудӕ — домбайы лӕппын; дӕ амӕттагыл уӕлахиз кӕныс, мӕ фырт. Уый йӕхи ӕруадзы домбайау, мадӕл домбайау зӕххыл ӕрхуыссы — чи йӕ бауӕнддзӕн бахъыгдарын?
Паддзахы къӕлӕтджынмӕ цыди ӕхсӕз къахӕвӕрӕны, алкӕмӕн дӕр дзы йӕ фӕйнӕфарс уыди фӕйнӕ цонгӕнцайӕны, уыдоны раз та — фӕйнӕ домбайы фӕлгонцы. Бынӕй йыл фидаргонд уыди сыгъзӕрин къахӕвӕрӕн.
Талынгӕй Йӕ алыварс скодта ӕмбӕрзӕн, саувадыг мигътӕ ӕртыхстысты Йӕ алыварс.
сырдтӕн сӕ тыхджындӕр — домбай, йӕ разӕй фӕндаг никӕмӕн ратдзӕн;
Дунедарӕг мын загъта: «Домбай йӕ амӕттаджы сӕрмӕ куыд фӕрыхы, суанг йӕ ныхмӕ бирӕ фыййӕуттӕ куы ’рӕмбырд вӕййынц, уӕд дӕр сӕ хъӕрӕй ӕмӕ сӕ уынӕрӕй куыннӕ фӕтӕрсы, афтӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг дӕр тох кӕндзӕни Сионы сӕраппонд, ацы хохы сӕрвӕлтау.
Ацы паддзахӕдты заман Уӕларвон Хуыцау сырӕзын кӕндзӕн мыггагмӕйы паддзахад. Уыцы паддзахадыл ӕндӕр адӕмтӕ никуы фӕуӕлахиз уыдзысты, никуы фесӕфдзӕн. Йӕ размӕ цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдоны ныззыгуым кӕндзӕн, йӕхӕдӕг та лӕудзӕнис ӕнусмӕ.
Домбай куы ныррыха, уӕд чи нӕ фӕтӕрсдзӕн? Дунедарӕг Хуыцау куы зӕгъа, уӕд пехуымпар чи не суыдзӕн?
Кӕм ис ныр Ниневи, домбӕйтты лӕгӕт, сырдты цӕрӕнуат чи уыди, уый? Нӕл ӕмӕ дзы мадӕл домбӕйттӕ ’мбӕхстысты, сӕ лӕппынты сын уым хъыгдарӕг нӕ уыд. Нӕл домбай йӕ цотӕн цыди цуаны, мадӕл домбӕйттӕн амӕттӕгты хурх кодта, йӕ лӕгӕттӕ-иу байдзаг кодта ӕфтиӕгтӕй, мард цӕрӕгойтӕй.
Уыцы заман Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Иудӕйы фӕтӕгтӕ, сугты ’хсӕн ӕфсӕн пец, куыристы ’хсӕн цырагъ куыд у, афтӕ суыдзысты ӕмӕ сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты, сӕ галиу ӕмӕ сӕ рахизфарс чи ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзысты, Йерусалим та, цы ран ис, уым фӕстӕмӕ адӕмӕй байдзаг уыдзӕн.
Ӕмӕ Балак загъта Балаамӕн: «Ӕлгъитгӕ дӕр сӕ ма фӕкӕн ӕмӕ сын арфӕ дӕр ма ракӕн».
Цы нӕма ӕрцыди, уый уынын, нырма дард цы у, уый мӕм зыны; Йаковӕй стъалы ссыди, растади Израилы лӕдзӕг — ныссӕтдзӕн Моавы тӕрных, ныззыгуым кӕндзӕн Шеты байзӕддӕгты.
Гады тыххӕй загъта: „Арфӕгонд у Гад, йӕ къабӕзтӕ фӕйнӕрдӕм чи айтыгъта! Уый домбайау йӕ амӕттаджы мӕкъуыстӕг рарӕдувы, йӕ тыл ын ныппары.
Уӕд мын цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕрӕй иу загъта: «Ма ку, мӕнӕ фӕуӕлахиз Домбай, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй, Давиды Ӕвзар. Уый асӕтдзӕн авд мыхуыры ӕмӕ байгом кӕндзӕн чиныг».