22 Хуыцау израилӕгты ракодта Мысырӕй, Йӕ хъомыс — хъӕддаг галы сыкъатау.
Стауӕнт Ӕй арв, зӕхх, денджызтӕ ӕмӕ, сӕ мидӕг цыдӕриддӕр змӕлы, уыдон!
Цыппарсӕдӕ ӕртын азы куы рацыди, тӕккӕ уыцы бон Дунедарӕджы адӕм рӕнхъыстадӕй рацыдысты Мысыры зӕххӕй.
Тӕккӕ уыцы бон Дунедарӕг израилӕгты ӕфсад ракодта Мысыры зӕххӕй.
Мысырӕгтӕ базондзысты, Дунедарӕг Чи у, уый, фараонӕн йӕхиуыл дӕр, йӕ тохуӕрдӕттыл дӕр ӕмӕ йӕ бӕхджынтыл дӕр Мӕ хъомыс куы бавзарон, уӕд!»
«Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй дӕ Чи ракодта, цагъары ӕфсондзы бынӕй, Уый.
Фӕлӕ дӕ удӕгасӕй ныууагътон, цӕмӕй дын равдисон Мӕ хъомыс, цӕмӕй Мӕ ном айхъуыса ӕппӕт зӕххы цъарыл.
Семӕ афӕлдӕхдзысты хъӕддаг галтӕ дӕр, родтӕ ӕмӕ хъомылтӕ. Зӕхх ныддымсдзӕни сӕ тугӕй, ныттыппыр уыдзӕни сӕ фиуӕй.
Ӕмӕ Балак минӕвӕрттӕ арвыста Балааммӕ, Беоры фыртмӕ, йӕ райгуырӕн Петормӕ (аммонӕгты зӕххыл ис, Евфраты был), цӕмӕй йын йӕ номӕй зӕгъой: «Иу адӕм рацыди Мысырӕй. Уый бӕрц сты, ӕмӕ зӕххӕн уӕз кӕнынц. Мӕ разы ӕрбынат кодтой.
Мысырӕй сӕ Чи ракодта, Уыцы Хуыцауӕн Йӕ хъомыс — хъӕддаг галы сыкъатау! Уый аныхъуырдзӕни знаг адӕмты, се стджытӕ сын ныззыгуым кӕндзӕн, сӕ фӕттӕ сын ныссӕтдзӕн!
Уый — галы фыццаг цӕуӕт, фидыцджын, хъӕддаг галы сыкъатау — йӕ сыкъатӕ. Фелвасдзӕни сыл адӕмты, зӕххы кӕрӕттӕм дӕр аххӕсдзӕн. Уыцы сыкъатӕ — Ефремы фӕдонтӕ дӕсгай минтӕй, Менассиайы байзӕддӕгтӕ — мингӕйттӕй“.
Уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Мысырӕй фӕндагыл уын Дунедарӕг Сырх денджыз уӕ размӕ куыд байсысын кодта ӕмӕ Иорданы фале дыууӕ амораг паддзахӕн, Сигонӕн ӕмӕ Огӕн, сӕ быныхъӕр куыд ссӕуын кодтат.