2 Балак, Балаам ын куыд загъта, афтӕ бакодта, ӕмӕ нывӕндтӕ ӕрхастой Балак ӕмӕ Балаам: алы нывондхӕссӕныл дӕр — фӕйнӕ уӕныджы ӕмӕ фӕйнӕ фыры.
Уыцы авд боны дӕргъы алы бон дӕр Дунедарӕгӕн иууылсудзинагӕн хӕссӕд ӕнӕсахъат авд галы ӕмӕ ӕнӕсахъат авд фыры, тӕригъӕды нывондӕн та сӕгъты дзугӕй — иу цӕу.
Балаам Балакӕн загъта: «Сараз мын ацы ран авд нывондхӕссӕны ӕмӕ акусарт кӕн авд уӕныджы ӕмӕ авд фыры».
Уыйадыл ӕй ахуыдта Цофимы быдырмӕ, Фасгайы сӕрмӕ; сарӕзта авд нывондхӕссӕны ӕмӕ ӕрхаста нывӕндтӕ: алы нывондхӕссӕныл дӕр — фӕйнӕ уӕныджы ӕмӕ фӕйнӕ фыры.
Загъта Балаам Балакӕн: «Сараз мын ацы ран авд нывондхӕссӕны ӕмӕ мын акусарт кӕн авд уӕныджы ӕмӕ авд фыры».
Балаам Балакӕн загъта: «Лӕуу ды дӕ иууылсудзинӕгты раз, ӕз та уал мӕхи иуварс айсон, кӕд Дунедарӕг мӕ размӕ рацӕуид, ӕмӕ мын цы раргом кӕна, уый дын радзурдзынӕн». Ацыди иунӕгӕй быгъдӕг къуыбырмӕ.
Балак, Балаам ын куыд загъта, афтӕ бакодта ӕмӕ нывӕндтӕ ӕрхаста: алы нывондхӕссӕныл дӕр — фӕйнӕ уӕныджы ӕмӕ фӕйнӕ фыры.