19 Хуыцау адӕймаг нӕу — мӕнг ныхӕстӕ нӕ кӕны, адӕмы хуызӕн Йӕ хъуыды нӕ ивы. Зӕгъа ӕмӕ ма бакӕна? Зӕрдӕ бавӕра ӕмӕ Йӕ ныхас ма сӕххӕст кӕна?
Ацӕр дзы. Ӕз уыдзынӕн демӕ ӕмӕ дын раарфӕ кӕндзынӕн. Дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн ратдзынӕн ацы зӕххытӕ иууылдӕр ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кӕндзынӕн, дӕ фыд Авраамӕн цы сомы ракодтон, уый.
Рох дӕ ма уӕд, Ӕз демӕ дӕн. Кӕдӕмдӕриддӕр ацӕуай, уым дӕ бахъахъхъӕндзынӕн ӕмӕ дӕ ацы зӕхмӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзынӕн. Нӕ дӕ ныууадздзынӕн: сӕххӕст кӕндзынӕн, зӕрдӕ дын цӕмӕй бавӕрдтон, уый».
Йоровамы адӕмӕй сахары мидӕг чи амӕла, уыдон куыйты хӕринаг бауыдзысты, фӕссахар чи амӕла, уыдоны та тугдзых мӕргътӕ бахӕрдзысты“. Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг.
Афтӕ сӕххӕст ис Дунедарӕджы ныхас, кӕддӕр Йегуйӕн кӕй загъта, уый: «Дӕ фырттӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг баддзысты Израилы паддзахы бадӕны».
Паддзахы фӕсдзӕуин афтӕ бакодта: «Ӕниу Дунедарӕг арвы дуӕрттӕ дӕр куы бакӕнид, уӕд уырдыгӕй исты ахӕм ӕрхауид!» Елисей йын загъта: «Дӕхи цӕстӕй сӕ фендзынӕ, фӕлӕ дзы нӕ саходдзынӕ».
Фӕлӕ Дӕм уый дӕр фаг нӕ фӕкасти, Хуыцау, ӕмӕ ма Дӕ цагъары хӕдзарвӕндагӕн йӕ дард сомбоны кой дӕр бакодтай. Цыма стыр лӕг дӕн, афтӕ аудыс Ды мӕныл, о Дунедарӕг Хуыцау!
Йӕ диссӕгтӕн ферохгӕнӕн нӕй, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ рӕдау у Дунедарӕг.
Ефремы фырттӕ, хӕстифтонг фатӕхсджытӕ, лидзӕг фесты тохы бон.
Йе ’хсарджын фатӕхсджытӕй дӕр бирӕтӕ нӕ аирвӕздзысты». Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау.
Афтӕмӕй куырыхон у Уый: фыдбылыз ӕруадздзӕн ӕмӕ Йӕ фӕнд нӕ аивдзӕн. Уый сыстдзӕни ӕнӕхуыцӕутты, фыдгӕнджытӕн ӕххуыс чи куры, уыдоны ныхмӕ.
Кӕрдӕг бахус вӕййы, дидинджытӕ баруайынц, фӕлӕ нӕ Хуыцауы дзырд та баззайдзӕн ӕнустӕм».
Скӕсӕнӕй, дард бӕстӕй, фӕсидтӕн цӕргӕсмӕ, Мӕ фӕнд Мын чи сӕххӕст кӕндзӕн, уыцы лӕгмӕ. Ӕз, рагагъоммӕ цы загътон, уый сӕххӕст кӕндзынӕн, цы скарстон, уымӕн ӕнӕ ’рцӕугӕ нӕй.
Гъе ахӕм хъысмӕт ис, Ӕз цы ныхас фӕзӕгъын, уымӕн дӕр. Пайда не ’рхӕсгӕйӕ Мӕм фӕстӕмӕ нӕ раздӕхы, фӕлӕ Мын сӕххӕст кӕны Мӕ фӕндон, саразы, цӕй тыххӕй йӕ рарвыстон, уый».
Ныдздзыназдзӕн зӕхх, ныссау уыдзӕнис арв йӕ сӕрмӕ, уымӕн ӕмӕ Ӕз ахӕм тӕрхон рахастон. Мӕ фӕндон нӕ аивдзынӕн, сӕххӕст ӕй кӕндзынӕн.
Паддзах йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ уӕларвӕй ӕрыхъуысти: „Паддзах Навуходоносор, байхъус! Дӕ паддзахдзинадӕн йӕ кӕрон ӕрцыд.
Мӕ судзгӕ масты фӕдыл нӕ ацӕудзынӕн, нӕ фесафдзынӕн Ефремы. Уымӕн ӕмӕ Ӕз уе ’хсӕн адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау дӕн. Ӕз дӕн Уаз ӕмӕ сахармӕ, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, нӕ бацӕудзынӕн».
Ды иузӕрдион уыдзынӕ Йаковыл, фӕтӕригъӕд кӕндзынӕ Авраамӕн, райдианы нӕ фыдӕлтӕн сомы куыд ракодтай, афтӕ.
Ацы цӕстылуайӕн баст у фидӕнимӕ, фӕстаг заманимӕ, ӕнӕ ’рцӕугӕ йын нӕй. Уайтагъд куы не ’рцӕуа, уӕддӕр ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕс, уымӕн ӕмӕ сӕххӕст уыдзӕн бӕлвырд».
Уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн. Йаковы фырттӕ, Ӕз ивгӕ нӕ кӕнын, ӕмӕ сымах дӕр уый фӕрцы нӕ фесӕфтыстут.
Ӕз — Дунедарӕг! Куыд загътон, афтӕ бакӕндзынӕн, Мӕ ныхмӕ чи растад, уыцы ӕнаккӕгтӕн. Ацы ӕдзӕрӕг быдыры сӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн, ам амӕлдзысты».
Ӕмӕ загъта Балаам йӕ ныхас: «Сыст, Балак, ӕмӕ ӕрбайхъус, лӕмбынӕг ӕрбайхъус, Ципоры фырт!
Арв ӕмӕ зӕхх нал уыдзысты, Мӕ ныхӕстӕ та мыггагмӕ дӕр уыдзысты сӕ тыхы.
Хуыцауы лӕвӕрттӕ ӕмӕ сидт ӕнӕивгӕ сты.
Уый зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Хуыцау Йӕ ныхас фӕсайдта. Израилы байзӕддӕгтӕ се ’ппӕт ӕцӕг израилӕгтӕ не сты.
Мах Ыл нӕ зӕрдӕ куы аивӕм, уӕд дӕр Уый иузӕрдионӕй баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ Йӕхиуыл бавдисӕн кӕнын Йӕ бон нӕу».
ӕмӕ мыггагмӕйы цардыл зӕрдӕ дарынмӕ. Ахӕм цардӕй суанг дуне сфӕлдисыны размӕ ныфс бавӕрдта, Йӕ дзырд Чи нӕ сайы, уыцы Хуыцау,
Хуыцауы зӕрдӕбавӕрд ӕмӕ сомы ӕнӕивгӕ кӕй сты, уыдонӕн мӕнг уӕвӕн кӕй нӕй, уый махӕн дӕтты стыр ныфс, ӕмӕ мах, Хуыцауы дӕлбазыр ӕмбӕхсӕн ссарджытӕ, фидар хӕцӕм, цы зӕрдӕдарӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл.
Иннӕтӕ ӕнӕ сомыйӕ систы алчертӕ, Уый та — Хуыцауы сомыимӕ: «Расомы кодта Хуыцау ӕмӕ Йӕ уынаффӕ нӕ аивдзӕн: Ды Алчер дӕ мыггагмӕ».
Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр, стӕй алы ӕххӕст лӕвар дӕр ӕрцӕуынц уӕлӕрвтӕй, иудадзыг иухуызон Чи у ӕмӕ ӕппындӕр Чи нӕ ивы, Уымӕй — рухсы Фыдӕй.
Ӕви сымах афтӕ ӕнхъӕлут, ӕмӕ Сыгъдӕг Фыст дзӕгъӕлы зӕгъы: «Хуыцау нӕ зӕрдӕты Кӕй ӕрцӕрын кодта, уыцы Уд мах афтӕ бирӕ уарзы, ӕмӕ Йӕ фӕнды, ӕрмӕстдӕр Уый дӕлбар куыд уӕм»?
Дунедарӕг Израилы хӕдзарӕн цӕмӕйдӕриддӕр зӕрдӕ бавӕрдта, уыдонӕй иу дӕр ӕнӕ сӕххӕстгӕнгӕ нӕ баззад — алцыдӕр дзы сӕххӕст.
Израилы кадджын Хуыцау Йӕ дзырд нӕ сайы ӕмӕ нӕ фӕфӕсмон кӕндзӕн Йӕ тӕрхоныл, уымӕн ӕмӕ адӕймаг нӕу — Йӕ тӕрхон нӕ ивы».
Уыцы бон Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, Елиайӕн йӕ хӕдзарвӕндаджы тыххӕй цыдӕриддӕр загътон, уыдон кӕрӕй-кӕронмӕ.