15 Балаам загъта Балакӕн: «Афтӕ лӕуу ды дӕ иууылсудзинаджы раз, ӕз та уырдӕм, Йӕ размӕ, ауайон».
Уый сын загъта: «Ацы ӕхсӕв ам лӕуут, ӕмӕ уын ӕз, Дунедарӕг мын цы зӕгъа, уый зӕгъдзынӕн». Ӕмӕ бахсӕвиуат кодтой Моавы уӕздӕттӕ Балааммӕ.
Уыйадыл ӕй ахуыдта Цофимы быдырмӕ, Фасгайы сӕрмӕ; сарӕзта авд нывондхӕссӕны ӕмӕ ӕрхаста нывӕндтӕ: алы нывондхӕссӕныл дӕр — фӕйнӕ уӕныджы ӕмӕ фӕйнӕ фыры.
Ӕмӕ раргом кодта Дунедарӕг Йӕхи Балааммӕ, Йӕ ныхас ын йӕ комы бавӕрдта ӕмӕ йын загъта: «Аздӕх Балакмӕ ӕмӕ йын ӕй фехъусын кӕн».
Балаам Балакӕн загъта: «Лӕуу ды дӕ иууылсудзинӕгты раз, ӕз та уал мӕхи иуварс айсон, кӕд Дунедарӕг мӕ размӕ рацӕуид, ӕмӕ мын цы раргом кӕна, уый дын радзурдзынӕн». Ацыди иунӕгӕй быгъдӕг къуыбырмӕ.
Фӕлӕ Мӕн нӕ бафӕндыди Балаамы ӕлгъыстытӕм хъусын, ӕмӕ уын уый раарфӕ кодта, ӕмӕ уӕ Ӕз афтӕмӕй йе ’лгъысты азарӕй фервӕзын кодтон.