Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 23:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Уыйадыл ӕй ахуыдта Цофимы быдырмӕ, Фасгайы сӕрмӕ; сарӕзта авд нывондхӕссӕны ӕмӕ ӕрхаста нывӕндтӕ: алы нывондхӕссӕныл дӕр — фӕйнӕ уӕныджы ӕмӕ фӕйнӕ фыры.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 23:14
11 Iomraidhean Croise  

Сӕ чыссӕтӕй скалынц сӕ сыгъзӕринтӕ, тӕразыл абарынц ӕвзист ӕмӕ баххуырсынц згъӕртайынгӕнӕджы, цӕмӕй сын сӕ скӕна хуыцау. Сӕ хуыцау куы сцӕттӕ вӕййы, уӕд йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхауынц ӕмӕ йӕм бакувынц.


Галаады фӕзынди фыддзинад, йӕ цӕрджытӕ дзӕгъӕл змӕлдыл систы. Гилгалы нывондӕн хастой галтӕ, фӕлӕ сӕ нывондхӕссӕнтӕ, быдыры ауӕдзыл цы дуррӕдзӕгъдтӕ самайынц, уыдонау суыдзысты.


Бамотӕй — Моавы быдырты, ӕдзӕрӕг быдыры чи зыны, уыцы Фасгайы хохы сӕрмӕ.


Ӕмӕ йын загъта Балак: «Цом мемӕ ӕндӕр ранмӕ ӕмӕ сӕ уырдыгӕй фендзынӕ — се ’ппӕты нӕ, ӕрмӕстдӕр сӕ рӕсӕнуаты кӕрон. Мӕ курдиат мын сӕххӕст кӕн ӕмӕ сӕ ралгъит уырдыгӕй».


Балаам загъта Балакӕн: «Афтӕ лӕуу ды дӕ иууылсудзинаджы раз, ӕз та уырдӕм, Йӕ размӕ, ауайон».


Загъта Балаам Балакӕн: «Сараз мын ацы ран авд нывондхӕссӕны ӕмӕ мын акусарт кӕн авд уӕныджы ӕмӕ авд фыры».


Фасгайы хохы сӕрмӕ ссу ӕмӕ дӕ цӕст ахӕсс ныгуылӕн ӕмӕ цӕгатыл, хуссар ӕмӕ скӕсӕныл, фен сӕ, уымӕн ӕмӕ ды Иорданы фаллаг фарсмӕ нӕ бахиздзынӕ.


Уыйадыл ссыди Моисей Моавы дӕлвӕзтӕй Невойы хохмӕ, Йерихоны бакомкоммӕ чи ис, уыцы Фасгайы сӕрмӕ. Ӕмӕ йын фенын кодта Дунедарӕг бӕстӕ кӕрӕй-кӕронмӕ — Галаадӕй Даны онг,


Иорданӕн йӕ фаллаг фарс, скӕсӕнӕрдыгӕй цы дӕлвӕз ис, уый дӕр уыдонмӕ хауы суанг Фасгайы рӕбынмӕ, денджызы онг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan