Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 23:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Ӕмӕ йын загъта Балак: «Цом мемӕ ӕндӕр ранмӕ ӕмӕ сӕ уырдыгӕй фендзынӕ — се ’ппӕты нӕ, ӕрмӕстдӕр сӕ рӕсӕнуаты кӕрон. Мӕ курдиат мын сӕххӕст кӕн ӕмӕ сӕ ралгъит уырдыгӕй».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 23:13
10 Iomraidhean Croise  

Арамы паддзах Бен-Хададӕн йӕ дӕлдӕртӕ загътой: «Уыдонӕн сӕ хуыцӕуттӕ хӕхбӕсты хуыцӕуттӕ сты ӕмӕ ныл уый фӕрцы фӕуӕлахиз сты. Быдыры куы схӕцӕм семӕ, уӕд сыл мах дӕр ӕнӕмӕнг фӕтых уыдзыстӕм.


Израилы паддзахмӕ ӕрбацыди Хуыцауы минӕвар ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: сириӕгтӕ афтӕ кӕй дзурынц, Дунедарӕг быдырты Хуыцау нӕу, фӕлӕ хӕхбӕсты Хуыцау у, зӕгъгӕ, уый тыххӕй сын се ’нӕнымӕц бардз ратдзынӕн уӕ къухтӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».


Мӕ адӕм! Ӕрхъуыды-ма кӕнут, Моавы паддзах Балак цы сфӕнд кодта ӕмӕ йын Беоры фырт Балаам цавӕр дзуапп радта, уый, стӕй уыл Ситтимӕй Гилгалы онг цытӕ ӕрцыдис, уыдӕттӕ, — уӕд бамбардзыстут, Дунедарӕг уын цас хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уый».


Дыккаг бон, сӕумӕйӕ, Балак Балаамы Бамот-Баалмӕ скодта, ӕмӕ уый уырдыгӕй израилӕгты рӕсӕнуатӕн ӕрмӕст йӕ чысыл хай федта.


Ӕвӕстиатӕй мӕм рацу ӕмӕ мын фелгъит уыцы адӕмы, уымӕн ӕмӕ уыдон мӕнӕй тыхджындӕр сты. Чи зоны, ӕмӕ мын сӕ афтӕмӕй басӕттын ӕмӕ мӕ зӕххӕй атӕрын бантысид, уымӕн ӕмӕ зонын: ды арфӕ кӕмӕн ракӕнай, уый арфӕгонд у, ды кӕй фелгъитай, уый — ӕлгъыст».


Уый йын дзуапп радта: «Дунедарӕг мын мӕ комы цы бавӕрдта, уый хъуамӕ, куыд у, афтӕ ма зӕгъон?»


Уыйадыл ӕй ахуыдта Цофимы быдырмӕ, Фасгайы сӕрмӕ; сарӕзта авд нывондхӕссӕны ӕмӕ ӕрхаста нывӕндтӕ: алы нывондхӕссӕныл дӕр — фӕйнӕ уӕныджы ӕмӕ фӕйнӕ фыры.


Уӕд Ципоры фырт Балак, Моавы паддзах, Израилимӕ схӕцыд ӕмӕ фӕсидти Беоры фырт Балааммӕ, цӕмӕй уӕ ралгъита.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan