Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 23:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Йаковы байзӕддагӕн змисӕй уӕлдай банымайӕн нӕй, рыджы муртау ӕнӕнымӕц сты израилӕгтӕ. Уадз ӕмӕ ӕз рӕстгӕнджыты мӕлӕтӕй амӕлон, раст адӕймаджы царды кӕронау уӕд мӕ мӕлӕты бон!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 23:10
20 Iomraidhean Croise  

Дӕ байзӕддӕгты дын, зӕххы рыгау, сбирӕ кӕндзынӕн. Зӕххы рыгӕн банымайӕн куыд нӕй, афтӕ дӕ байзӕддӕгтӕн дӕр банымайӕн нӕ уыдзӕн.


уый тыххӕй дын Ӕз ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзынӕн! Арвы стъалытӕ ӕмӕ денджызы былгӕрон змис ӕнӕнымӕц куыд сты, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты. Знӕгты сахартӕ уыдоны бауыдзысты!


Дӕ байзӕддӕгтӕ зӕххы рыгау сбирӕ уыдзысты ӕмӕ ахӕлиу уыдзысты ныгуылӕнӕрдӕм ӕмӕ скӕсӕнӕрдӕм, цӕгатӕрдӕм ӕмӕ хуссарӕрдӕм. Дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр.


Ӕнӕхуыцӕутты сӕ фыдбылызтӕ фесафынц, рӕстудӕн та йӕ мӕлӕты дӕр ис зӕрдӕдарӕн.


Рувимы ӕфсӕддон къордты ӕдӕппӕтӕй — сӕдӕ фӕндзай иу мин цыппарсӕдӕ фӕндзай адӕймаджы; уыдонӕн Иудӕйы ӕфсады фӕстӕ цӕугӕ у.


Ефремы ӕфсады нымӕц ӕдӕппӕтӕй — сӕдӕ аст мин сӕдӕ адӕймаджы; уыдонӕн Рувимы ӕфсады фӕстӕ цӕугӕ у.


Даны ӕфсады ӕдӕппӕтӕй — сӕдӕ фӕндзай авд мин ӕхсӕзсӕдӕ адӕймаджы. Уыдонӕн се ’ппӕты фӕстӕ цӕугӕ у.


Иудӕйы ӕфсады нымӕц ӕдӕппӕтӕй — сӕдӕ ӕстай ӕхсӕз мин цыппарсӕдӕ; уыдонӕн разӕй цӕугӕ у.


Мӕрдты ӕхсӕн — мидианӕгты фондз паддзахы: Еви, Рекем, Цур, Хур ӕмӕ Рева; Беоры фырт Балаам дӕр кардылӕфтыд фӕци.


Мах зонӕм: нӕ зӕххон хӕдзар, ацы халагъуд, куы ныккӕла, уӕд нын уӕлӕрвты ис цӕрӕнуат — адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау кӕй сарӕзта, уыцы мыггагмӕйы хӕдзар.


Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуысти хъӕлӕс ӕмӕ мын загъта: «Ныффысс: нырӕй фӕстӕмӕ Бардарӕгыл ӕууӕндгӕйӕ чи мӕлы, уыдон тӕхудиаг сты». — «О, уыдон ӕрӕнцайдзысты сӕ фыдӕбӕттӕй, — зӕгъы Уд, — уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ цӕуынц сӕ фӕдыл».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan