Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 22:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Рацыди Хуыцау Балааммӕ ӕмӕ бафарста: «Чи дын сты ацы адӕм?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 22:9
16 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Агар, Сарӕйы унӕут, кӕцӕй рацыдтӕ ӕмӕ кӕдӕм цӕуыс?» Уый дзуапп радта: «Ме ’хсин Сарӕйӕ лидзын».


Фӕлӕ ӕхсӕвы Хуыцау Авимелехмӕ фыны ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ныртӕккӕ амӕлдзынӕ, ацы сылгоймаджы дӕхимӕ кӕй ӕрбакодтай, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ моймӕдзыд у».


Фӕлӕ уыцы ӕхсӕв арамейаг Лаванмӕ йӕ фыны Хуыцау ӕргом рацыд ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Хъусыс, Йаковмӕ мацы сдзур!»


Дунедарӕг бафарста Каины: «Кӕм ис де ’фсымӕр Авел?» Уый дзуапп радта: «Нӕ зонын. Ме ’фсымӕрӕн гӕс, мыййаг, дӕн?»


Йосеф фараонӕн загъта: «Фараоны дыууӕ фыны иу фын сты. Хуыцау фараонӕн раргом кодта, цы бакӕнинаг у, уый.


Дунедарӕг ӕй бафарста: «Уый та дӕ къухы цы ис?» Моисей дзуапп радта: «Лӕдзӕг».


Ды уый тыххӕй федтай, хохӕй йӕхи ӕгъдауӕй дур куыд фӕхицӕн ис ӕмӕ ӕфсӕйнаг, ӕрхуы, ӕлыг, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин куыд базгъӕлӕнтӕ сты, уый. Гъе, афтӕ стыр Хуыцау паддзахӕн базонын кодта фидӕны цаутӕ. Фыны цыдӕриддӕр федтай, уыдон ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзысты, ӕмӕ дын дӕ фын раст кӕй райхӕлдтон, ууыл гуырысхо ма кӕн».


Ӕмӕ загъта Хуыцауӕн Балаам: «Балак, Ципоры фырт, Моавы паддзах, ӕрбарвыста мӕм,


Ӕмӕ рацыди Дунедарӕг Балааммӕ ӕхсӕвы ӕмӕ йын загъта: «Кӕд дӕм ацы адӕм хонӕг ӕрбацыдысты, уӕд сыст ӕмӕ ацу семӕ, фӕлӕ дын Ӕз цы зӕгъон, ӕрмӕстдӕр уый кӕн».


Уый сын загъта: «Ацы ӕхсӕв ам лӕуут, ӕмӕ уын ӕз, Дунедарӕг мын цы зӕгъа, уый зӕгъдзынӕн». Ӕмӕ бахсӕвиуат кодтой Моавы уӕздӕттӕ Балааммӕ.


Уымӕн ӕмӕ фӕзындзысты мӕнгчырыститӕ ӕмӕ мӕнгпехуымпартӕ, равдисдзысты стыр ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ, цӕмӕй, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, ӕвзӕрстыты дӕр асайой.


Бирӕтӕ Мын уыцы бон дзурдзысты: «Хицау, Хицау, мах Дӕ номӕй пехуымпариуӕг нӕ кодтам? Дӕ номӕй дӕлимонты нӕ сырдтам? Бирӕ диссӕгтӕ не ’вдыстам Дӕ номӕй?»


Уый Каиафӕ йӕхи зондӕй нӕ дзырдта, фӕлӕ пехуымпар ныхас кодта, уымӕн ӕмӕ уыцы аз алчер уыди ӕмӕ рагагъоммӕ загъта, Йесо кӕй хъуамӕ амӕла Йӕ адӕмы сӕрвӕлтау,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan