Нымӕцтӕ 22:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст6 Ӕвӕстиатӕй мӕм рацу ӕмӕ мын фелгъит уыцы адӕмы, уымӕн ӕмӕ уыдон мӕнӕй тыхджындӕр сты. Чи зоны, ӕмӕ мын сӕ афтӕмӕй басӕттын ӕмӕ мӕ зӕххӕй атӕрын бантысид, уымӕн ӕмӕ зонын: ды арфӕ кӕмӕн ракӕнай, уый арфӕгонд у, ды кӕй фелгъитай, уый — ӕлгъыст». Faic an caibideil |
Алы адӕмтӕ дын лӕггад цы кӕной, дӕ разы-иу сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы амонд дӕр дын Йӕ цӕст бауарзӕд! Де ’фсымӕртӕн ӕлдариуӕг цы кӕнай ӕмӕ-иу уыдон дӕ разы сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы арфӕ дын раттӕд! Ӕлгъитгӕ дӕ чи ракӕна, уымӕн-иу йе ’лгъыст йӕхиуыл ӕрцӕуӕд, арфӕ дын чи ракӕна, уымӕн та-иу Хуыцау раарфӕ кӕнӕд!»