Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 22:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Ӕмӕ Балак минӕвӕрттӕ арвыста Балааммӕ, Беоры фыртмӕ, йӕ райгуырӕн Петормӕ (аммонӕгты зӕххыл ис, Евфраты был), цӕмӕй йын йӕ номӕй зӕгъой: «Иу адӕм рацыди Мысырӕй. Уый бӕрц сты, ӕмӕ зӕххӕн уӕз кӕнынц. Мӕ разы ӕрбынат кодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 22:5
15 Iomraidhean Croise  

Дӕ байзӕддӕгты дын, зӕххы рыгау, сбирӕ кӕндзынӕн. Зӕххы рыгӕн банымайӕн куыд нӕй, афтӕ дӕ байзӕддӕгтӕн дӕр банымайӕн нӕ уыдзӕн.


Адӕм сӕ къух ауыгътой бӕллиццаг зӕххыл, нӕ баууӕндыдысты Хуыцауы ныхасыл.


Ӕрӕмбӕрзтой ӕгас зӕххы уӕлцъар, сау хӕрв ыл ӕрӕвӕрдтой. Бахордтой, их кӕй нӕ бахъыгдардта, уыцы зайӕгойтӕ ӕмӕ дыргътӕ. Иунӕг цъӕх тихалӕг нал фӕуагътой Мысыры зӕххыл, иунӕг цъӕх сыфтӕр — бӕлӕстыл.


Мӕ адӕм! Ӕрхъуыды-ма кӕнут, Моавы паддзах Балак цы сфӕнд кодта ӕмӕ йын Беоры фырт Балаам цавӕр дзуапп радта, уый, стӕй уыл Ситтимӕй Гилгалы онг цытӕ ӕрцыдис, уыдӕттӕ, — уӕд бамбардзыстут, Дунедарӕг уын цас хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уый».


Ӕмӕ загъта Балаам йӕ ныхас: «Арамӕй мӕ ӕрбакодта Балак, скӕсӕны хӕхтӕй мӕ ӕрбакодта Моавы паддзах: „Ӕрцу ӕмӕ мын мӕ курдиат сӕххӕст кӕн: Йаковы ралгъит, ӕрцу ӕмӕ Израилы бабын кӕн!“


Мӕрдты ӕхсӕн — мидианӕгты фондз паддзахы: Еви, Рекем, Цур, Хур ӕмӕ Рева; Беоры фырт Балаам дӕр кардылӕфтыд фӕци.


уымӕн ӕмӕ уын уыдон, Мысырӕй куы рацыдыстут, уӕд фӕндагыл сӕ къӕбӕр ӕмӕ сӕ дон бахӕлӕг кодтой, стӕй ма уыимӕ Арам-Нахараимаг Петоры цӕрӕг Балаамы, Беоры фырты дӕр баххуырстой, цӕмӕй уӕ ралгъита.


Фӕлӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, нӕ байхъуыста Балааммӕ, йе ’лгъыст ын арфӕмӕ раздӕхта, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уарзы сымах.


Израилӕгты карды амӕттаг баци Беоры фырт дӕсныфӕрсӕг Балаам дӕр.


Уӕд Ципоры фырт Балак, Моавы паддзах, Израилимӕ схӕцыд ӕмӕ фӕсидти Беоры фырт Балааммӕ, цӕмӕй уӕ ралгъита.


Сар сӕ сӕр! Уыдон цӕуынц Каины фӕндагыл, сӕ зӕрдӕтӕ сарӕзтой мулкмӕ ӕмӕ фӕсайды сты Балаамау, змӕнтынц Корейау ӕмӕ сӕфынц.


Фӕлӕ дӕ уӕддӕр иу цасдӕр азымджыныл нымайын, уымӕн ӕмӕ сымахмӕ ис, Балаамы ахуырадыл хӕст чи у, ахӕмтӕ; Балаам та сахуыр кодта Балакы, ӕмӕ уый Израилы адӕмы сардыдта мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕ хӕрын ӕмӕ хӕлд митӕ кӕныныл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan