40 Ӕмӕ аргӕвста Балак стуртӕ ӕмӕ лыстӕг фос ӕмӕ арвыста хӕйттӕ Балаам ӕмӕ, йемӕ цы уӕздӕттӕ уыд, уыдонӕн.
Стӕй Йаков уым, хохы сӕрыл, нывонд ӕрхаста ӕмӕ йӕ хӕстӕджытӕм фӕдзырдта. Фӕминас кодтой ӕмӕ уыцы ӕхсӕв уым баззадысты.
уымӕн ӕмӕ уыдон фыдбылыз саразынмӕ, искӕй туг ныккалынмӕ тагъд кӕнынц.
Ӕмӕ ацыди Балаам Балакимӕ ӕмӕ бацыдысты Кирйат-Хуцотмӕ.
Дыккаг бон, сӕумӕйӕ, Балак Балаамы Бамот-Баалмӕ скодта, ӕмӕ уый уырдыгӕй израилӕгты рӕсӕнуатӕн ӕрмӕст йӕ чысыл хай федта.
Уыйадыл ӕй ахуыдта Цофимы быдырмӕ, Фасгайы сӕрмӕ; сарӕзта авд нывондхӕссӕны ӕмӕ ӕрхаста нывӕндтӕ: алы нывондхӕссӕныл дӕр — фӕйнӕ уӕныджы ӕмӕ фӕйнӕ фыры.
Балак, Балаам ын куыд загъта, афтӕ бакодта, ӕмӕ нывӕндтӕ ӕрхастой Балак ӕмӕ Балаам: алы нывондхӕссӕныл дӕр — фӕйнӕ уӕныджы ӕмӕ фӕйнӕ фыры.
Балак, Балаам ын куыд загъта, афтӕ бакодта ӕмӕ нывӕндтӕ ӕрхаста: алы нывондхӕссӕныл дӕр — фӕйнӕ уӕныджы ӕмӕ фӕйнӕ фыры.