Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 22:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Ӕмӕ загътой моавӕгтӕ Мидианы хистӕртӕн: «Ацы бардз, гал быдыры кӕрдӕг куыд асӕрфы, афтӕ асӕрфдзӕн алцы нӕ алывӕрсты». Балак та, Ципоры фырт, уӕд Моавы паддзах уыд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 22:4
13 Iomraidhean Croise  

Хадад йӕ фӕсдзӕуинтимӕ араст ис Мидианӕй, ӕмӕ бахӕццӕ сты Паранмӕ. Уырдыгӕй ма семӕ ракодтой иу къорд лӕджы ӕмӕ ацыдысты фараонмӕ, Мысыры паддзахмӕ. Фараон Хададӕн радта хӕдзар ӕмӕ зӕххы хай, фӕкасти йӕм хӕлцӕй дӕр.


удаист фесты Едомы ӕлдӕрттӕ, асаст Моавы фӕтӕгтӕн сӕ ныфс, ханаанӕгтӕн се уӕнгтӕ ӕрызгъӕлдысты.


Моавӕн йӕ алы уӕлхӕдзарӕй, йӕ алы уынгӕй дӕр хъуысы хъарӕг, уымӕн ӕмӕ Ӕз Моавы зӕхх ӕнӕпайда мигӕнӕнау ныззыгуым кодтон, — зӕгъы Дунедарӕг.


Федта Балак, Ципоры фырт, Израил аморӕгтӕн цытӕ бакодта, уый.


Ацыдысты Моав ӕмӕ Мидианы хистӕртӕ. Балаамӕн мызд ахастой дӕсныфӕрсӕггаг ӕмӕ йын Балакы ныхӕстӕ рафӕзмыдтой.


Цы нӕма ӕрцыди, уый уынын, нырма дард цы у, уый мӕм зыны; Йаковӕй стъалы ссыди, растади Израилы лӕдзӕг — ныссӕтдзӕн Моавы тӕрных, ныззыгуым кӕндзӕн Шеты байзӕддӕгты.


Ӕмӕ дын мӕнӕ израилӕгтӕй иу ӕрбацыд ӕмӕ йе ’фсымӕртӕм, Моисей ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйы раз, уыдон Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ куыд куыдтой, афтӕ мидианаг сылгоймаджы куы ӕрбакӕнид.


Дунедарӕг загъта Моисейӕн:


Мӕрдты ӕхсӕн — мидианӕгты фондз паддзахы: Еви, Рекем, Цур, Хур ӕмӕ Рева; Беоры фырт Балаам дӕр кардылӕфтыд фӕци.


Ды Моавы паддзахӕй, Ципоры фырт Балакӕй цӕмӕй хуыздӕр дӕ? Ӕмӕ уый Израилимӕ тох никуы кодта, никуы хӕцыд йӕ ныхмӕ!


Израилӕгтӕ та раздӕрау Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кӕнын райдыдтой, ӕмӕ сӕ Дунедарӕг авд азы дӕргъы мидианӕгты дӕлбар бакодта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan