39 Ӕмӕ ацыди Балаам Балакимӕ ӕмӕ бацыдысты Кирйат-Хуцотмӕ.
Моавӕгтӕ сӕхи цасфӕнды хъарӕнт сӕ бӕрзӕндтыл нывӕндтӕ хӕссыныл, сӕ кувӕндонмӕ цӕуӕнт ӕмӕ кувӕнт — уыдӕттӕ сын ницыуал баххуыс уыдзысты.
Ӕмӕ загъта Балаам Балакӕн: «Мӕнӕ дӕм ӕрбацыдтӕн ныр, фӕлӕ мӕ бон дзурын у? Хуыцау мын мӕ дзыхы цы бафтауа, уый дзурдзынӕн».
Ӕмӕ аргӕвста Балак стуртӕ ӕмӕ лыстӕг фос ӕмӕ арвыста хӕйттӕ Балаам ӕмӕ, йемӕ цы уӕздӕттӕ уыд, уыдонӕн.