36 Фехъуыста Балак, Балаам ӕрбацӕуы, уый ӕмӕ йӕ размӕ рацыди Моавы сахармӕ, Арноны арӕныл чи ис, тӕккӕ арӕнгӕрон, уырдӕм.
Аврам Кедорлаомеры ӕмӕ уымӕн йе ’мцӕдисон паддзӕхты куы басаста ӕмӕ фӕстӕмӕ куы раздӕхти, уӕд Шавейы дӕлвӕзы (ома Паддзахы дӕлвӕзы) йӕ размӕ рацыди Содомы паддзах.
Авраам хӕрдмӕ скасти ӕмӕ федта: йӕ акомкоммӕ лӕууынц ӕртӕ лӕджы. Куыддӕр сӕ ауыдта, афтӕ рӕвдз бауади сӕ размӕ, зӕххыл ныддӕлгом ис
уӕд Йосеф дӕр сифтыгъта йӕ уӕрдон ӕмӕ ссыди Гошенмӕ, йӕ фыд Израилмӕ. Йӕ цуры куы балӕууыди, уӕд йе ’фцӕджы ныттыхст ӕмӕ бирӕ фӕкуыдта.
Моисей йӕ каисы размӕ рауади, йӕ сӕрӕй йын ныллӕг акуывта ӕмӕ йын аба кодта. Кӕрӕдзийӕн салам куы радтой, уӕд цатырмӕ бацыдысты.
Уымӕн ӕмӕ Арноны донуайӕнты цур моаваг чызджытӕ рауай-бауай кӕнынц, сӕ ахстонӕй кӕй раппӕрстой, ахӕм удаист лӕппын цъиутау.
Фӕхудинаг ис, бабын ис Моав! Кӕут, дзыназут, расидут Арноны: Моавы зӕхх гӕныстонмӕ ӕрцыд.
Ӕмӕ загъта Дунедарӕджы зӕд Балаамӕн: «Ацу ацы адӕмимӕ, фӕлӕ-иу дын Ӕз цы зӕгъон, ӕрмӕстдӕр уый дзур». Ӕмӕ ацыди Балаам Балакы уӕздӕттимӕ.
Ӕмӕ загъта Балак Балаамӕн: «Ӕз дӕм куы арвыстон, уӕд мӕм цӕуылнӕ цыдтӕ? Исты дын мӕ бон кад скӕнын нӕу?»
Ромаг ӕфсымӕртӕ фехъуыстой нӕ хабар ӕмӕ нӕ размӕ рацыдысты Аппийы Фӕз ӕмӕ Ӕртӕ Фысымуаты цурмӕ. Павел сӕ куы федта, уӕд арфӕ ракодта Хуыцауӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ барухс.
Дунедарӕг загъта: „Цӕут ӕмӕ Арноны сӕрты ахизут. Мӕнӕ уын Ӕз уӕ къухмӕ дӕттын Хешбоны паддзах Сигоны, амораджы, стӕй йӕ бӕстӕ дӕр. Фыццаг уал уый басӕттут, схӕцут йемӕ.
Уыцы заман Иорданы фаллаг фарс дыууӕ амораг паддзахӕй мах байстам ацы зӕхх: Арноны донӕй Ермоны хохы онг:
Уый фӕстӕ та ногӕй ӕдзӕрӕг быдырыл ацыдысты, Едом ӕмӕ Моавы рӕзты ахызтысты. Моавӕй скӕсӕнӕрдӕм араст сты ӕмӕ Арноны фале рӕсӕнуат скодтой, Моавы зӕхмӕ нӕ бахызтысты, афтӕмӕй. Арнон та ис Моавы арӕныл.
Йӕ иууылсудзинаг нывонд хаст нӕма фӕци, афтӕ ӕрбахӕццӕ Самуел, ӕмӕ Саул йӕ размӕ рауади салам ын раттынмӕ.