3 Израилӕгтӕ уый бӕрц уыдысты, ӕмӕ моавӕгтӕ иууылдӕр тасы бацыдысты.
уымӕн ӕмӕ уыдон израилӕгтыл дзул ӕмӕ донимӕ нӕ сӕмбӕлдысты, фӕлӕ сын сӕ ныхмӕ баххуырстой Балаамы, цӕмӕй сӕ ралгъита, фӕлӕ уыцы фыдӕлгъыст нӕ Хуыцау раивта арфӕйӕ.
Ӕцӕгӕлӕттӕ сыстадысты мӕ ныхмӕ, ӕгъатыртӕ мӕ хъавынц амарынмӕ, Хуыцауы дӕр ницӕмӕуал дарынц.
Фӕлӕ сӕ цас тынгдӕр ӕфхӕрдтой, уыйас тынгдӕр рӕзти сӕ нымӕц. Мысырӕгтӕ тасы бацыдысты
удаист фесты Едомы ӕлдӕрттӕ, асаст Моавы фӕтӕгтӕн сӕ ныфс, ханаанӕгтӕн се уӕнгтӕ ӕрызгъӕлдысты.
Уӕ разӕй уын арвитдзынӕн Мӕ азар, ӕмӕ-иу цы адӕмтӕм бацӕуат, уыдонӕн сӕ сӕр сӕ кой суыдзӕн, уӕ фыдгултӕ-иу лидзӕг фӕуыдзысты.
Мысырӕгтӕ фыр тӕссӕй нырриздзысты Тиры сӕфты коймӕ.
Тӕккӕ абонӕй фӕстӕмӕ, арвы бын цыдӕриддӕр адӕмтӕ ис, уыдоныл Ӕз тас ӕфтаудзынӕн, ӕмӕ уын ӕрмӕст уӕ койӕ дӕр ӕмризӕджы риздзысты“.
Ноджы ма Йешуайӕн загътой: «Дунедарӕг нын уыцы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй радта, ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ ӕмризӕджы ризынц ӕрмӕст нӕ койӕ дӕр».
Уыдон дзуапп радтой Йешуайӕн: «Дӕ цагъартӕ фехъуыстой, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ минӕвар Моисейӕн кӕй бафӕдзӕхста ацы зӕхх иууылдӕр сымахӕн раттын ӕмӕ йын йе ’ппӕт цӕрджыты дӕр ныццӕгъдын. Куы нӕ амарат, уымӕй тынг тарстыстӕм, ӕмӕ уымӕн афтӕ бакодтам.