26 Дунедарӕджы зӕд дарддӕр ацыд ӕмӕ, фӕндагӕй рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр азилӕн кӕм нӕ уыди, ахӕм уынгӕг ран ӕрлӕууыди.
О Дунедарӕг! Ды Дӕ къух бӕрзонд систай, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ уынынц. Дӕ адӕмы сӕрыл куыд хӕцыс, уый куы феной, уӕд фӕхудинаг уыдзысты; цы арттӕрхон сӕм кӕсы, уый аныхъуырдзӕн Де знӕгты.
Йӕ развӕндаг ын Ӕз сындз къутӕр фестын кӕндзынӕн, йӕ алыварс ын самайдзынӕн быру, ӕмӕ йӕ фӕндаг ныссуйтӕ уыдзӕн.
Федта хӕрӕг Дунедарӕджы зӕды, къулмӕ йӕхи нылхъывта ӕмӕ Балаамы къах дӕр йӕ фӕстӕ фӕци. Балаам ӕй ногӕй нӕмын райдыдта.
Федта хӕрӕг Дунедарӕджы зӕды, ӕмӕ Балаамы бын зӕххыл ныххуыссыд. Балаамӕн йӕ маст рафыхти ӕмӕ лӕдзӕгӕй ралӕууыд хӕрӕгыл.