25 Федта хӕрӕг Дунедарӕджы зӕды, къулмӕ йӕхи нылхъывта ӕмӕ Балаамы къах дӕр йӕ фӕстӕ фӕци. Балаам ӕй ногӕй нӕмын райдыдта.
Гъемӕ уӕдӕ кӕлӕнтӕ кӕн ӕмӕ дӕсны фӕрс, де ’взонгӕй нырмӕ уыцы куыстыл ахуыр дӕ. Чи зоны ӕмӕ дын исты ахъаз фӕуой, ӕмӕ дӕ исчи фӕтӕрса.
Уӕд Дунедарӕджы зӕд ӕрлӕууыд, дыууӕ сӕндоны ӕхсӕн фӕндаг кӕм ӕрбанарӕг ис, уыцы ран: къул — иуӕрдыгӕй, къул — иннӕрдыгӕй.
Дунедарӕджы зӕд дарддӕр ацыд ӕмӕ, фӕндагӕй рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр азилӕн кӕм нӕ уыди, ахӕм уынгӕг ран ӕрлӕууыди.