23 Хӕрӕг Дунедарӕджы зӕды кардӕлвӕстӕй лӕугӕйӕ куы федта, уӕд фӕндагӕй быдыры ’рдӕм фӕзылди. Балаам ыл ралӕууыди, цӕмӕй йӕ фӕстӕмӕ фӕндагмӕ раздаха.
Елисей скуывта: «О Дунедарӕг! Байгом ын кӕн йӕ цӕстытӕ, ӕмӕ сӕ фена». Дунедарӕг лӕггадгӕнӕджы цӕстытӕ байгом кодта, ӕмӕ уый федта: Елисейы алыварс хох бӕхты ӕмӕ пиллӕттӕ уадзгӕ хӕстон уӕрдӕтты бынӕй зынгӕ дӕр нал кӕны.
Давид йӕ цӕстытӕ хӕрдмӕ систа, ӕмӕ арвӕй зӕххы астӕу кардӕлвӕстӕй федта Дунедарӕджы зӕды, йӕ кард арӕзт уыди Йерусалимы ’рдӕм. Давид ӕмӕ йӕ адӕмы хистӕртӕ, сӕ уӕлӕ сӕхъистӕ, афтӕмӕй, зӕххыл ныддӕлгом сты.
Къадз дӕр ма арвыл йӕ рӕстӕг зоны, бӕлон, зӕрватыкк ӕмӕ хърихъупп дӕр зонынц се ’ртӕхыны афон. Мӕ адӕм та Дунедарӕджы ’гъдӕуттӕ нӕ зонынц!
Ацы диссаг федтон ӕрмӕстдӕр ӕз, Даниил, мӕ алыварс цы адӕм уыди, уыдонӕй йӕ ничи федта, фӕлӕ сыл фыр тӕссӕй ризӕг бахӕцыд, алырдӕмты фӕлыгъдысты ӕмӕ бамбӕхстысты.
Хуыцауӕн йӕ маст рафыхти Балааммӕ, кӕй ацыди, уый тыххӕй, ӕмӕ Дунедарӕджы зӕд цӕхгӕрмӕ ӕрлӕууыди Балаамы фӕндагыл. Ныр уый та йӕ хӕрӕгыл бадти, йӕ дыууӕ фӕсдзӕуины йемӕ.
Уӕд Дунедарӕджы зӕд ӕрлӕууыд, дыууӕ сӕндоны ӕхсӕн фӕндаг кӕм ӕрбанарӕг ис, уыцы ран: къул — иуӕрдыгӕй, къул — иннӕрдыгӕй.
Ме ’мбӕлццӕттӕ федтой рухс [ӕмӕ сӕ тас бацыди], фӕлӕ мемӕ Дзурӕджы хъӕлӕс нӕ фехъуыстой.
Иуахӕмы Йерихонмӕ хӕстӕг Йешуа кӕсы, ӕмӕ йӕ фӕндагыл кардӕлвӕстӕй лӕг лӕууы. Йешуа йӕм бацыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Нӕ хӕлар дӕ ӕви не знаг?»
Фӕлӕ йын йӕ азым комкоммӕ загъдӕуыди: ӕгомыг хӕрӕг сдзырдта адӕймаджы ӕвзагӕй ӕмӕ пехуымпары бахызта ӕнӕсӕрфат мийӕ.
Сар сӕ сӕр! Уыдон цӕуынц Каины фӕндагыл, сӕ зӕрдӕтӕ сарӕзтой мулкмӕ ӕмӕ фӕсайды сты Балаамау, змӕнтынц Корейау ӕмӕ сӕфынц.