Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 22:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Балаам загъта Балакы дӕлдӕртӕн: «Балак мын йӕ хӕдзар куы ратта, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй йемыдзагӕй, уӕд дӕр мӕ бон нӕ бауыдзӕн Дунедарӕджы, мӕ Хуыцауы, ныхасы сӕрты ахизын, Йе ’вастӕй чысыл кӕнӕ стыр исты саразын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 22:18
14 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг паддзахӕн загъта: «Дӕ паддзахады ӕмбис мын куы дӕттай, уӕддӕр дӕм нӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ ацы бынаты дӕ къӕбӕрӕй дӕр ӕмӕ дӕ донӕй дӕр нӕ саходдзынӕн,


Миха дзуапп радта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ӕрмӕстдӕр мын Дунедарӕг цы зӕгъа, уый дзурдзынӕн».


Миха загъта: «Дунедарӕгӕй ард хӕрын, ӕрмӕстдӕр мын мӕ Хуыцау цы зӕгъа, уый дзурдзынӕн».


йӕ сыгъзӕринтӕн ныккӕнӕн кӕмӕн нӕ уыд, йӕ хӕдзар ӕвзистӕй чи байдзаг кодта, уыцы бонджын ӕлдӕрттимӕ.


Даниил паддзахӕн дзуапп радта: «Паддзах, дӕ лӕвӕрттӕ ӕмӕ дӕ хӕрзиуджытӕ дӕхи уӕнт. Ӕз дын ӕнӕ уымӕй дӕр ацы фыст бакӕсдзынӕн ӕмӕ, цы нысан кӕны, уый зӕгъдзынӕн.


Ныр та уал ацы ӕхсӕв сымах дӕр ам баззайут, ӕмӕ ӕз базонон, Дунедарӕг ма мын цы зӕгъдзӕн, уый».


Ӕмӕ загъта Балаам Балакӕн: «Мӕнӕ дӕм ӕрбацыдтӕн ныр, фӕлӕ мӕ бон дзурын у? Хуыцау мын мӕ дзыхы цы бафтауа, уый дзурдзынӕн».


Уый сын загъта: «Ацы ӕхсӕв ам лӕуут, ӕмӕ уын ӕз, Дунедарӕг мын цы зӕгъа, уый зӕгъдзынӕн». Ӕмӕ бахсӕвиуат кодтой Моавы уӕздӕттӕ Балааммӕ.


Ӕмӕ Балаам дзуапп радта Балакӕн: «Афтӕ дын куы загътон, Дунедарӕг цыдӕриддӕр зӕгъа, уый бакӕндзынӕн, зӕгъгӕ».


Ӕмӕ загъта Балаам Балакӕн: «Дӕ минӕвӕрттӕн афтӕ куы загътон:


„Балак мын йӕ хӕдзар куы ратта, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй йемыдзагӕй, уӕд дӕр мын Дунедарӕджы ныхасы сӕрты ахизӕн нӕй — хорз дӕр ӕмӕ ӕвзӕр дӕр мӕхи фӕндӕй нӕ бакӕндзынӕн. Дунедарӕг цы зӕгъа, уый дзурдзынӕн“.


Петр ын дзуапп радта: «Де ’хца демӕ фесӕфӕд, уымӕн ӕмӕ ды афтӕ ӕнхъӕл дӕ, цыма Хуыцауы хорзӕхӕн ӕхцайӕ балхӕнӕн ис.


Уыдон дзурынц, Хуыцауы зонӕм, зӕгъгӕ, афтӕмӕй Йыл сӕ митӕй сӕхи тигъ кӕнынц; сты цъаммар, хивӕнд ӕмӕ сӕ бон нӕу иунӕг хорз хъуыддаг саразын дӕр.


Фӕлӕ Мӕн нӕ бафӕндыди Балаамы ӕлгъыстытӕм хъусын, ӕмӕ уын уый раарфӕ кодта, ӕмӕ уӕ Ӕз афтӕмӕй йе ’лгъысты азарӕй фервӕзын кодтон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan