Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 22:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Тынг дӕ скадджын кӕндзынӕн, цыдӕриддӕр мын зӕгъай, уый бакӕндзынӕн. Рацу ӕмӕ мын уыцы адӕмы ралгъит“».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 22:17
12 Iomraidhean Croise  

Йӕхицӕй ӕппӕлынӕй сын нал ӕфсӕсти — куыд кадджын ӕмӕ бонджын у, куыд бирӕ фырттӕ йын ис, куыд хъулон у паддзахӕн иннӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ дӕлбарты ’хсӕн.


Паддзахы дӕлдӕртӕй иу, Харвона йӕ ном, загъта: «Афтӕмӕй Аман та Мардохейы тыххӕй, паддзахӕн хорзы чи бацыди, уый тыххӕй ныссадзын кодта цӕджындз, фӕндзай ӕлмӕрины бӕрзӕндӕн. Аманы хӕдзары раз цӕттӕйӕ лӕууы». «Уыцы цӕджындзыл ӕй ӕрцауындзут!» — загъта паддзах.


Ӕмӕ бацыдысты уыдон Балааммӕ ӕмӕ йын загътой: «Ципоры фырт Балак дӕм ӕрвиты: „Саккаг кӕн, ӕрбацу мӕм.


Ӕмӕ загъта Балак Балаамӕн: «Ӕз дӕм куы арвыстон, уӕд мӕм цӕуылнӕ цыдтӕ? Исты дын мӕ бон кад скӕнын нӕу?»


Ӕвӕстиатӕй мӕм рацу ӕмӕ мын фелгъит уыцы адӕмы, уымӕн ӕмӕ уыдон мӕнӕй тыхджындӕр сты. Чи зоны, ӕмӕ мын сӕ афтӕмӕй басӕттын ӕмӕ мӕ зӕххӕй атӕрын бантысид, уымӕн ӕмӕ зонын: ды арфӕ кӕмӕн ракӕнай, уый арфӕгонд у, ды кӕй фелгъитай, уый — ӕлгъыст».


Фесӕф мӕ разӕй, згъоргӕ кӕн уӕхимӕ! Мӕ зӕрды дын скад кӕнын уыди, фӕлӕ дӕ Дунедарӕг кадӕй ӕнӕхай фӕкодта».


ӕмӕ йын расомы кодта, цыдӕриддӕр дзы ракура, уый йын кӕй ратдзӕни.


Адӕймаг дуне ӕгасӕйдӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ уд та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у? Кӕнӕ йӕм, йӕ уд цӕмӕй балхӕна, ахӕмӕй цы разындзӕни?


Къуыриты бӕрӕгбоны райдианӕй авд къуырийы анымай


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan