16 Ӕмӕ бацыдысты уыдон Балааммӕ ӕмӕ йын загътой: «Ципоры фырт Балак дӕм ӕрвиты: „Саккаг кӕн, ӕрбацу мӕм.
Авессалом йӕ дӕлдӕртӕн бафӕдзӕхста: «Уӕ хъус ӕм дарут, ӕмӕ Амнон куыддӕр сӕнӕй бахъӕлдзӕг уа, афтӕ уын зӕгъдзынӕн: „Цӕвут Амноны“, ӕмӕ-иу ӕй амарут. Ма тӕрсут, ӕз уын зӕгъын афтӕ. Уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ фӕстӕмӕ ма фӕлӕуут».
Уый фӕстӕ паддзах Даниилы ноджы уӕлдӕр систа, бирӕ зынаргъ лӕвӕрттӕ йын ракодта ӕмӕ йӕ ӕппӕт Вавилонийы хицауӕй сӕвӕрдта. Даниил сси вавилойнаг куырыхонты сӕргълӕууӕг.
Фервыста та Балак ногӕй йӕ уӕздӕтты, ӕмӕ уыдон фыццӕгтӕй ноджы фылдӕр ӕмӕ дзырддзӕугӕдӕр уыдысты.
Тынг дӕ скадджын кӕндзынӕн, цыдӕриддӕр мын зӕгъай, уый бакӕндзынӕн. Рацу ӕмӕ мын уыцы адӕмы ралгъит“».
Ӕмӕ загъта Балак Балаамӕн: «Ӕз дӕм куы арвыстон, уӕд мӕм цӕуылнӕ цыдтӕ? Исты дын мӕ бон кад скӕнын нӕу?»