15 Фервыста та Балак ногӕй йӕ уӕздӕтты, ӕмӕ уыдон фыццӕгтӕй ноджы фылдӕр ӕмӕ дзырддзӕугӕдӕр уыдысты.
Ӕмӕ сыстадысты Моавы уӕздӕттӕ, Балакмӕ аздӕхтысты ӕмӕ йын загътой: «Нӕ бакуымдта Балаам махимӕ рацӕуын».
Ӕмӕ бацыдысты уыдон Балааммӕ ӕмӕ йын загътой: «Ципоры фырт Балак дӕм ӕрвиты: „Саккаг кӕн, ӕрбацу мӕм.