Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 22:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Ӕмӕ загъта Хуыцау Балаамӕн: «Ма ацу семӕ; ма фелгъит уыцы адӕмы, уымӕн ӕмӕ арфӕгонд сты».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 22:12
27 Iomraidhean Croise  

Ӕз дын раарфӕ кӕндзынӕн, дӕуӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм, скадджын дын кӕндзынӕн дӕ ном, ӕмӕ дӕ фӕрцы алчидӕр базондзӕни, Мӕ арфӕ цы у, уый.


ӕмӕ йын алчер Азариа, Цадокы байзӕддаг, дзуапп радта: «Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ хуынтӕ хӕссын куы райдыдтой, уӕдӕй нырмӕ хӕрдхъуаг никуы уыдыстӕм, стӕй дзы тынг бирӕ баззади, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн арфӕ ракодта. Уый бӕрц бӕркад нӕм уымӕн ӕрӕмбырд ис».


Алкӕмӕн дӕр йӕ каст Дӕумӕ у, алкӕмӕн дӕр йӕ афоныл хойраг раттыс.


Стыр у Дунедарӕг, ӕмӕ стыр у Йӕ хъомыс, ӕгӕрон у Йӕ зонд.


Ӕмӕ сӕ цотӕн алы адӕмтыл айхъуысдзӕни сӕ хорзы кой, сӕ байзӕддӕгтӕ скадджын уыдзысты алы знӕмты астӕу. Чи-иу сӕ фена, уыдон ӕмбардзысты, Дунедарӕг арфӕ кӕмӕн ракодта, ахӕм адӕм кӕй сты, уый».


Мӕ адӕм! Ӕрхъуыды-ма кӕнут, Моавы паддзах Балак цы сфӕнд кодта ӕмӕ йын Беоры фырт Балаам цавӕр дзуапп радта, уый, стӕй уыл Ситтимӕй Гилгалы онг цытӕ ӕрцыдис, уыдӕттӕ, — уӕд бамбардзыстут, Дунедарӕг уын цас хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уый».


мӕнӕ, дам, Мысырӕй рацӕуӕг адӕм зӕххӕн уӕз кӕнынц, ӕмӕ рацу, фелгъит мын сӕ, кӕд семӕ схӕцын мӕ бон суаид ӕмӕ сӕ атӕрин!»


Ӕмӕ сыстад Балаам сӕумӕрайсом ӕмӕ загъта Балакы уӕздӕттӕн: «Цӕут уӕ бӕстӕм, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы нӕ фӕнды, цӕмӕй ӕз уемӕ ацӕуон».


Ӕвӕстиатӕй мӕм рацу ӕмӕ мын фелгъит уыцы адӕмы, уымӕн ӕмӕ уыдон мӕнӕй тыхджындӕр сты. Чи зоны, ӕмӕ мын сӕ афтӕмӕй басӕттын ӕмӕ мӕ зӕххӕй атӕрын бантысид, уымӕн ӕмӕ зонын: ды арфӕ кӕмӕн ракӕнай, уый арфӕгонд у, ды кӕй фелгъитай, уый — ӕлгъыст».


Нӕй хин Йаковы ныхмӕ, ӕдых у кӕлӕн Израилы ныхмӕ. Дзурдзысты ныр Йаковӕй, Израилӕй: „Уынут, Хуыцау цытӕ кӕны!“


Балаам Балакӕн загъта: «Лӕуу ды дӕ иууылсудзинӕгты раз, ӕз та уал мӕхи иуварс айсон, кӕд Дунедарӕг мӕ размӕ рацӕуид, ӕмӕ мын цы раргом кӕна, уый дын радзурдзынӕн». Ацыди иунӕгӕй быгъдӕг къуыбырмӕ.


Куыд ралгъитон ӕз, Хуыцау кӕй не ’лгъиты, уый? Куыд бабын кӕнон ӕз, Дунедарӕг кӕй нӕ сафы, уый?


Йӕхи ӕруагъта зӕххыл, домбайау ӕрхуыссыд — чи йӕ бауӕнддзӕн бахъыгдарын? Дӕуӕн арфӕ чи ракӕна, уый арфӕгонд у, чи дӕ фелгъита — ӕлгъыст».


Ноджы ма, Пилат тӕрхонгӕнӕджы бынаты куы бадти, уӕд ӕм йӕ ус дӕр барвыста афтӕ зӕгъынмӕ: «Мацы Йын ракӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы Рӕстгӕнӕджы тыххӕй дысон бирӕ фӕудхар кодтон мӕ фыны».


Хуыцауы лӕвӕрттӕ ӕмӕ сидт ӕнӕивгӕ сты.


Арфӕгонд уӕд Хуыцау, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Фыд, Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы махӕн монон лӕвӕрттӕ ӕххӕстӕй уӕлӕрвты Чи саккаг кодта!


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, арфӕ ракодта сымахӕн уӕ алы хъуыддаджы дӕр. Уый уын уӕ фӕндаджы хабӕрттӕ хорз зоны ацы ӕгӕрон ӕдзӕрӕг быдыры. Ныр дыууиссӕдз азы дӕргъы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уемӕ ис, ӕмӕ сымах хъуаг ницӕмӕй ӕййафут“.


Фӕлӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, нӕ байхъуыста Балааммӕ, йе ’лгъыст ын арфӕмӕ раздӕхта, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уарзы сымах.


Арфӕгонд уыдзӕн дӕ рацыд ӕмӕ дӕ бацыд.


Тӕхудиаг дӕ ды, Израил! Кӕм ис сымахӕн ӕмбал, Дунедарӕг йӕ хъахъхъӕнӕг, йӕ уарт ӕмӕ йӕ кады кард кӕмӕн у, уыцы адӕм? Сымахӕн уе знӕгтӕ ӕрныллӕг уыдзысты уӕ разы, сымах та сын сӕ фӕсонтыл къахӕй лӕудзыстут».


Адӕмты ’хсӕн ӕппӕты арфӕгонддӕр сымах уыдзыстут: нӕ уӕм уыдзӕн нӕдӕр, цот кӕмӕн нӕ цӕуы, ахӕм нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ, нӕдӕр хуыскъ фос.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan