Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 22:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 мӕнӕ, дам, Мысырӕй рацӕуӕг адӕм зӕххӕн уӕз кӕнынц, ӕмӕ рацу, фелгъит мын сӕ, кӕд семӕ схӕцын мӕ бон суаид ӕмӕ сӕ атӕрин!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 22:11
8 Iomraidhean Croise  

Алы адӕмтӕ дын лӕггад цы кӕной, дӕ разы-иу сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы амонд дӕр дын Йӕ цӕст бауарзӕд! Де ’фсымӕртӕн ӕлдариуӕг цы кӕнай ӕмӕ-иу уыдон дӕ разы сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы арфӕ дын раттӕд! Ӕлгъитгӕ дӕ чи ракӕна, уымӕн-иу йе ’лгъыст йӕхиуыл ӕрцӕуӕд, арфӕ дын чи ракӕна, уымӕн та-иу Хуыцау раарфӕ кӕнӕд!»


Ӕмӕ загъта Хуыцауӕн Балаам: «Балак, Ципоры фырт, Моавы паддзах, ӕрбарвыста мӕм,


Ӕмӕ загъта Хуыцау Балаамӕн: «Ма ацу семӕ; ма фелгъит уыцы адӕмы, уымӕн ӕмӕ арфӕгонд сты».


Ӕмӕ загъта Балак Балаамӕн: «Цы ми мын кӕныс? Ӕз дӕ ме знӕгты ралгъитынмӕ ӕрбакодтон, ды та сын арфӕ кӕныс!»


Ӕмӕ загъта Балаам йӕ ныхас: «Арамӕй мӕ ӕрбакодта Балак, скӕсӕны хӕхтӕй мӕ ӕрбакодта Моавы паддзах: „Ӕрцу ӕмӕ мын мӕ курдиат сӕххӕст кӕн: Йаковы ралгъит, ӕрцу ӕмӕ Израилы бабын кӕн!“


Рафыхти Балакӕн йӕ маст Балааммӕ, йӕ къухтӕ йыл сцагъта ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕм ме знӕгты ралгъитынмӕ фӕдзырдтон, ды та сын ныр ӕртыккаг хатт арфӕ кӕныс!


Фӕлӕ Мӕн нӕ бафӕндыди Балаамы ӕлгъыстытӕм хъусын, ӕмӕ уын уый раарфӕ кодта, ӕмӕ уӕ Ӕз афтӕмӕй йе ’лгъысты азарӕй фервӕзын кодтон.


Филистимаг ын загъта: «Лӕдзӕгимӕ мӕм цы рацыдтӕ? Ӕви дын куыдз дӕн?» Ӕмӕ йӕ хуыцӕуттӕй ралгъыста Давиды,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan