1 Уырдыгӕй израилӕгтӕ сӕ фӕндаг дарддӕр кодтой ӕмӕ Моавы дӕлвӕзы, Иорданы фале, Йерихонмӕ хӕстӕг ӕрлӕууыдысты.
Моавы, Аммоны, Едомы ӕмӕ иннӕ бӕстӕты цы иудейӕгтӕ цардысты, уыдон дӕр фехъуыстой, Вавилоны паддзах адӕмы иу хай Иудейы бӕстӕйы кӕй ныууагъта ӕмӕ сын Шафаны фырты фырт, Ахикамы фырт Гедалиайы, хицауӕй кӕй сӕвӕрдта, уый.
Бамотӕй — Моавы быдырты, ӕдзӕрӕг быдыры чи зыны, уыцы Фасгайы хохы сӕрмӕ.
Моавы дӕлвӕзы, Иорданы был, Йерихоны бакомкоммӕ, Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар, ссӕдз азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыди, уыцы адӕмы сфыстой, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Израилы адӕмӕй Мысырӕй чи рацыди, уыдон уыдысты:
ӕмӕ сӕ — уацайрӕгты дӕр ӕмӕ, цы фӕфос кодтой, уыцы фӕллой ӕнӕхъӕнӕй, — Моисей, сауджын Елеазар ӕмӕ израилӕгты ӕппӕт дзыллӕйы раз балӕууын кодтой рӕсӕнуаты, моаваг быдырты, Иорданы был, Йерихоны бакомкоммӕ.
Мах уыдонимӕ хай нӕ райсдзыстӕм Иорданы фаллаг фарс, уымӕн ӕмӕ Иорданӕн йӕ ацы, скӕсӕнварс, исӕм хай».
Дыууӕ хӕдзарвӕндаджы ӕмӕ хӕдзарвӕндаджы ӕрдӕг сӕ хай райстой Иорданы иннӕ фарс, скӕсӕны, Йерихоны бакомкоммӕ».
Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн Моавы быдырты, Иорданы раз, Йерихоны бакомкоммӕ:
Ахӕм фӕтк ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ ныффӕдзӕхста Дунедарӕг израилӕгтӕн, ӕмӕ сын сӕ Моисей фехъусын кодта Моавы быдырты, Иорданы цур, Йерихоны бакомкоммӕ.
Иорданы фале, Моавы зӕххыл, Моисей бавнӕлдта Ӕгъдауыл бӕстон ӕрдзурынмӕ. Уый загъта:
Уыцы заман Иорданы фаллаг фарс дыууӕ амораг паддзахӕй мах байстам ацы зӕхх: Арноны донӕй Ермоны хохы онг:
Уыйадыл ссыди Моисей Моавы дӕлвӕзтӕй Невойы хохмӕ, Йерихоны бакомкоммӕ чи ис, уыцы Фасгайы сӕрмӕ. Ӕмӕ йын фенын кодта Дунедарӕг бӕстӕ кӕрӕй-кӕронмӕ — Галаадӕй Даны онг,
Дӕс ӕмӕ ссӕдз боны сау фӕдардтой израилӕгтӕ Моисейыл: фӕкуыдтой ӕмӕ йыл фӕхъыг кодтой Моавы дӕлвӕзы.
афтӕ дӕрддзӕф ран (Царетаны фарсмӕ Адамы сахары цур), Иорданӕн йӕ гуырӕнтӕй цыдӕриддӕр дон кӕлы, уый ауӕзтау ӕрлӕууыд, ӕмдзӕхгӕр сис фестади. Дӕлӕрдӕм, Мард денджызмӕ цы дон калди, уый фӕцыдӕр ис, байсыст. Ӕмӕ адӕм доны фаллаг фарсмӕ ахызтысты Йерихоны бакомкоммӕ.