Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 21:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 ӕмӕ Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Сараз дӕхицӕн калмы ныв, хъилыл ӕй бакӕн ӕмӕ-иу ӕм, калм кӕуыл фӕхӕцыд, ахӕм исчи куы бакӕса, уӕд удӕгасӕй баззайдзӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 21:8
7 Iomraidhean Croise  

Аивта кувӕн къуыбыртӕ, ныппырх кодта табуйаг дуртӕ ӕмӕ акалдта Ашерӕйы цӕджындзтӕ, стайын кодта, кӕддӕр Моисей кӕй скодта, уыцы ӕрхуы калм, уымӕн ӕмӕ йын уӕды онг израилӕгтӕ буд сыгътой. Ном дӕр ма йыл сӕвӕрдтой, Нехуштан, зӕгъгӕ.


Дунедарӕг куырмытӕн ратты цӕстырухс, Дунедарӕг ӕфхӕрд адӕмы слӕууын кӕны сӕ къӕхтыл, Дунедарӕг уарзы рӕстудты.


«Филистимӕгтӕ, ма цин кӕнут, цы лӕдзӕгӕй уӕ надтой, уый кӕй ныппырх ис, ууыл, уымӕн ӕмӕ маргджын калмы уидагӕй райгуырдзӕнис калм, уымӕй та — фат-калм.


Рагуац Негевы цӕрӕгойты тыххӕй: «Уӕззау ӕргъӕмтты бын тӕссаг фӕндагыл хуссармӕ фӕцӕуынц хайуантӕ. Сӕ размӕ ӕвиппайды фӕвӕййынц домбӕйттӕ, маргджын кӕлмытӕ ӕмӕ фат-кӕлмытӕ. Адӕм хӕрджытӕ ӕмӕ теуатыл ласынц хъӕздыг лӕвӕрттӕ, хӕзнатӕ — пайда кӕмӕй нӕ фендзысты, уыцы адӕмӕн лӕварӕн.


Уе ’ргом Мӕм раздахут, ӕппӕт дзыллӕтӕ, ӕмӕ фервӕзат, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн Хуыцау, Мӕн йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй.


Ӕмӕ Моисей ӕдзӕрӕг быдыры ӕрхуы калмы уӕлӕмӕ куыд систа, афтӕ Адӕймаджы Фырт дӕр хъуамӕ уӕлӕмӕ ист ӕрцӕуа,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan