Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 21:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Ӕмӕ Дунедарӕг маргджын кӕлмыты ахӕсты фӕкодта адӕмы, ӕмӕ израилӕгтӕй дзӕвгар фӕмарди уыдоны хӕстӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 21:6
8 Iomraidhean Croise  

«Филистимӕгтӕ, ма цин кӕнут, цы лӕдзӕгӕй уӕ надтой, уый кӕй ныппырх ис, ууыл, уымӕн ӕмӕ маргджын калмы уидагӕй райгуырдзӕнис калм, уымӕй та — фат-калм.


Рагуац Негевы цӕрӕгойты тыххӕй: «Уӕззау ӕргъӕмтты бын тӕссаг фӕндагыл хуссармӕ фӕцӕуынц хайуантӕ. Сӕ размӕ ӕвиппайды фӕвӕййынц домбӕйттӕ, маргджын кӕлмытӕ ӕмӕ фат-кӕлмытӕ. Адӕм хӕрджытӕ ӕмӕ теуатыл ласынц хъӕздыг лӕвӕрттӕ, хӕзнатӕ — пайда кӕмӕй нӕ фендзысты, уыцы адӕмӕн лӕварӕн.


«Ӕз уӕм ӕрвитын маргджын кӕлмыты, кӕлӕнтӕ сыл нӕ тых кӕнынц, хӕцдзысты уыл», — зӕгъы Дунедарӕг.


Кӕнӕ уыцы зӕхмӕ тугдзых сырдтӕ куы барвитин, цӕмӕй йын уыдон йӕ сывӕллӕтты бабын кӕной, куы сафтид уаид ӕмӕ дзы сырдты тӕссӕй цъиуызмӕлӕг куынӕуал уаид,


Ма фӕлварӕм Чырыстийы, уыдонӕй Йӕ бирӕтӕ куыд фӕлвӕрдтой, афтӕ. Уый тыххӕй кӕлмыты хӕстӕй фӕцагъды сты.


Уый уӕ ракодта, цӕст кӕуыл не ’ххӕссы, ахӕм тасӕфтауӕг ӕдзӕрӕг быдырыл, хус ӕмӕ ӕнӕдон зӕххыл, маргджын кӕлмытӕ ӕмӕ уырынгонты ӕхсӕнты, айнӕг къӕдзӕхы риуӕй уын дон рауагъта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan