Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 21:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Бустӕ кодтой Хуыцау ӕмӕ Моисейыл: «Цӕмӕн нӕ ракодтат Мысырӕй? Ӕдзӕрӕг быдыры амӕлынмӕ? Ам къӕбӕр дӕр ӕмӕ дон дӕр нӕй, ӕмӕ нӕ уд хауы ацы нӕбӕззон хӕринагӕй».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 21:5
19 Iomraidhean Croise  

О Хуыцау, Ды зоныс ме ’нӕзонд митӕ, мӕ тӕригъӕдтӕ ӕмбӕхст не сты Дӕуӕй.


Моисейӕн бустӕ кодтой: «Мысыры нын баныгӕнӕн нӕ уыд, ӕдзӕрӕг быдырмӕ нӕ мӕлынмӕ куынӕ ракодтаис, уӕд? Цы нын бакуыстай, цӕмӕн нӕ ракодтай Мысырӕй?


Адӕм хъуыр-хъуыр кодтой Моисейыл: «Цы бануазӕм?»


Израилӕгтӕ йӕ куы федтой, уӕд кӕрӕдзийы фарстой: «Уый цы уа, цымӕ?» Ницы йын зыдтой. Моисей сын загъта: «Уый дзул у, Дунедарӕг уын ӕй хӕрынӕн дӕтты.


Израилы адӕм уыцы хойраг схуыдтой маннӕ. Уыди хъонтхорайы нӕмыджы хуызӕн, урс, мыдамӕстыты ад кодта.


Хӕринагӕй чи фелгъӕд ис, уый мыды фӕзгъӕртӕ къахӕй ссӕнды, ӕххормагмӕ та маст дӕр адджын кӕсы.


Фӕлӕ сӕ фырттӕ дӕр Мӕ ныхмӕ фесты. Мӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ нӕ цардысты, Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын не ’ххӕст кодтой, афтӕмӕй та уыдон, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уымӕн цард дӕттынц. Фӕчъизи Мын кодтой Мӕ сабӕттӕ, ӕмӕ загътон, Мӕ азар сыл ныххуырсдзынӕн ӕмӕ сыл ӕдзӕрӕг быдыры Мӕ маст ныккалдзынӕн, зӕгъгӕ.


фӕлӕ ӕнӕхъӕн мӕй, цалынмӕ уӕ хъӕлӕсӕй кӕлын байдайа ӕмӕ йыл ӕлгъ кӕнын райдайат, уӕдмӕ! Уый уын, уе ’хсӕн Чи ис, Уыцы Дунедарӕгыл уӕхи кӕй атигъ кодтат, Йӕ разы кӕй дзынӕзтат ӕмӕ, Мысырӕй цӕмӕн рацыдыстӕм, зӕгъгӕ, кӕй хъуыр-хъуыр кодтат, уый тыххӕй».


Дыккаг бон дзыллӕ Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ сыстадысты. Азымджын сӕ кодтой израилӕгтӕ: «Сымах Дунедарӕджы ӕвзӕрст адӕмы амардтат!»


Израилӕгтӕ загътой Моисейӕн: «Сӕфӕм, быныскъуыд кӕнӕм!


Ма фӕлварӕм Чырыстийы, уыдонӕй Йӕ бирӕтӕ куыд фӕлвӕрдтой, афтӕ. Уый тыххӕй кӕлмыты хӕстӕй фӕцагъды сты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan