Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 21:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Ӕмӕ рараст сты Оры хохӕй Сырх денджызмӕ фӕндагыл, цӕмӕй Едомы бӕстӕйы иувӕрсты ацӕуой. Фӕндагыл адӕм бастадысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 21:4
14 Iomraidhean Croise  

Иосафат ӕй бафарста: «Кӕцы фӕндагыл сӕм ацӕуӕм?» Уый йын загъта: «Едомы ӕдзӕрӕг быдыртыл».


Моисей уыцы ныхӕстӕ израилӕгтӕн рафӕзмыдта, фӕлӕ йӕм уыдон нӕ байхъуыстой — иуӕй сӕ тӕппуды, иннӕмӕй та, куыстӕфхӕрд кӕй уыдысты, уый аххосӕй.


Уыцы бӕсты дӕлвӕзтӕ амалекӕгтӕ ӕмӕ ханаанӕгты цӕрӕнтӕ сты. Райсом уӕ ных саразут ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Сырх денджызмӕ цы фӕндаг цӕуы, уырдӕм».


Моисей, Дунедарӕг ын куыд загъта, афтӕ бакодта. Дзыллӕйы раз ссыдысты Оры хохмӕ,


Цӕмӕн ардаут израилӕгты, цӕмӕй ма ацӕуой, Дунедарӕг сын цы бӕстӕ радта, уырдӕм?


Ешколы дӕлвӕзмӕ бахӕццӕ сты, бӕстӕ федтой ӕмӕ израилӕгты сардыдтой, цӕмӕй, Дунедарӕг сын цы бӕстӕ радта, уырдӕм ма ацӕуой.


Рараст сты уыдон Оры хохӕй ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Цалмонайы.


Алы ран дӕр ныфс бауагътой ахуыргӕнинӕгты, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинадыл фидар хӕцой, ӕмӕ сын дзырдтой, Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуыны сӕраппонд мах бирӕ зынтӕ бавзарын хъӕуы, зӕгъгӕ.


Сымах та фӕстӕмӕ аздӕхут ӕмӕ Сырх денджызмӕ фӕндагыл цӕугӕут ӕдзӕрӕг быдырмӕ“.


Фӕзылдыстӕм уырдыгӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Сырх денджызмӕ фӕндагыл араст кодтам. Бирӕ бонты фӕцыдыстӕм Сеиры хӕхты алфамбылай.


Уый фӕстӕ та ногӕй ӕдзӕрӕг быдырыл ацыдысты, Едом ӕмӕ Моавы рӕзты ахызтысты. Моавӕй скӕсӕнӕрдӕм араст сты ӕмӕ Арноны фале рӕсӕнуат скодтой, Моавы зӕхмӕ нӕ бахызтысты, афтӕмӕй. Арнон та ис Моавы арӕныл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan