Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 21:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Фатты бын сӕ фӕкодтам; бацарӕфтыд кодтам Хешбон Дивоны онг, гӕныстон фӕци, Медевайы раз чи ис, уыцы Нофахы онг».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 21:30
13 Iomraidhean Croise  

Маст ын кодтой ӕмӕ йӕ фатӕй ӕхстой, тох амадтой йемӕ ӕрдынджынтӕ.


Уӕд нӕ ӕрдынджынтӕ сисы сӕрӕй фатӕй ӕхсын райдыдтой, ӕмӕ паддзахы цагъартӕй бирӕ фӕмард ис. Нал ис дӕ цагъар хеттаг Уриа дӕр».


Дыууадӕс ӕмӕ ссӕдз мин тохуӕрдоны, стӕй Маахайы паддзахы ӕд ӕфсад баххуырстой. Уыдон ӕрбацыдысты ӕмӕ Медевайы цур рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты. Сӕ сахартӕй хӕстмӕ рацыдысты аммонӕгтӕ дӕр.


Барвӕндӕй кӕй ракӕнӕн ис, уыдонӕй дӕр бахиз Дӕ цагъары, цӕмӕй мыл ма фӕуӕлахиз уой. Уӕд ӕз баззайдзынӕн сыгъдӕгӕй, стыр тӕригъӕд мӕхимӕ нӕ райсдзынӕн.


Моавы цӕрджытӕ ссыдысты Дивоны кувӕн къуыбыртӕм ӕмӕ уым еххӕй кӕуынц Нево ӕмӕ Медевайы сахартыл; иууылдӕр алвыдтой сӕ сӕртӕ, адастой сӕ боцъотӕ.


Димоны сахар цы доны был ис, уый туг фестади, фӕлӕ сыл Ӕз ноджы фыддӕр фыдбылыз бафтаудзынӕн: моавӕгтӕй ма чи аирвӕзт, уыцы бӕстӕйы ма чидӕриддӕр баззади, уыдоныл Ӕз се ’ппӕтыл дӕр сардаудзынӕн домбайы.


Дивоны цӕрӕг, дӕ кадджын бынатӕй сыст ӕмӕ хус зӕххыл ӕрбад, уымӕн ӕмӕ, Моавы зӕхх чи сафтид кодта, уый дӕм ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ дын дӕ фидӕрттӕ ныппырх кӕндзӕн.


Израилӕгтӕ ӕрбынӕттон сты аморӕгты зӕххыл.


«Атарот, Дивон, Йазер, Нимра, Хешбон, Елале, Свам, Нево ӕмӕ Беон —


Ӕмӕ сарӕзтой Гады байзӕддӕгтӕ Дивон, Атарот ӕмӕ Ароер,


Хешбон ӕмӕ уӕлвӕзы сахартӕ иууылдӕр: Дивон, Бамот-Баал, Бет-Баал-Меон,


Арноны уӕлвӕз Ароерӕй ӕмӕ донвӕды тӕккӕ уӕлбыл сахарӕй райдай ӕмӕ Дивонӕй Медевайы ӕхсӕн тъӕпӕн ӕнӕхъӕнӕй,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan