Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 21:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Уымӕн ӕмӕ Хешбон уыди Сигоны, аморӕгты паддзахы, сахар. Уый та хӕцыди Моавы раздӕры паддзахимӕ ӕмӕ йын йӕ зӕхх ӕнӕхъӕнӕй, суанг Арноны онг, йӕхи бакодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 21:26
13 Iomraidhean Croise  

Дӕ риутӕ — саджы дыууӕ лӕппыны, сычъийы фаззӕттӕ.


Дӕ хъуыр — пылыстӕгӕй конд мӕсыгау. Баш-Раббимы кулдуары цур — Хешбоны донуӕттӕ, уыдоны ’нгӕс — дӕ цӕстытӕ. Цыма ливайнаг мӕсыг Дамаскы ’рдӕм кӕсы, уый ӕнгӕс — дӕ фындз.


Моав йӕ раздӕры кад фесӕфта. Хешбоны цӕрджытӕ йӕ ныхмӕ аразынц фыдвӕнд: „Цӕуӕм ӕмӕ уыцы адӕмы фесафӕм“. Мадмена, дӕуӕн дӕр де сӕфт ӕрцӕудзӕн, дӕ фӕдыл зилы кард!»


Фӕхудинаг ис, бабын ис Моав! Кӕут, дзыназут, расидут Арноны: Моавы зӕхх гӕныстонмӕ ӕрцыд.


Хешбоны бырутӕн сӕ аууӕтты фӕллад лигъдӕттӕ лӕууынц. Хешбонӕй арт раирвӕзт, Сигоны хӕдзар пиллон артӕй судзы; йӕ къӕмисӕнтӕ судздзӕни Моавӕн, нӕрӕмонтӕн сӕ сӕртӕ басудздзӕн.


Басаста Израил уыцы сахартӕ иууылдӕр ӕмӕ ӕрбынат кодта аморӕгты ӕппӕт сахарты, Хешбон ӕмӕ йӕ алфамбылӕйтты.


Уымӕн дзурынц кадӕггӕнджытӕ: «Ӕрцӕут Хешбонмӕ! Сигоны сахар арӕзт ӕмӕ фидаргонд ӕрцӕуӕд!


Уый уыди, Хешбоны хицауиуӕг чи кодта, аморӕгты уыцы паддзах Сигон ӕмӕ, Аштарот ӕмӕ Едреи кӕй къухы уыдысты, Башаны уыцы паддзах Ог саст куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ.


Арноны дӕлвӕзы чи ис, уыцы Ароеры сахар, стӕй дӕлвӕзӕн йӕ тӕккӕ астӕу цы сахар ис, уый дӕр; Медевайы онг уӕлвӕз ӕнӕхъӕнӕй,


Хешбон ӕмӕ уӕлвӕзы сахартӕ иууылдӕр: Дивон, Бамот-Баал, Бет-Баал-Меон,


Йазер ӕмӕ Галаады ӕппӕт сахартӕ, Раввайӕ скӕсӕнӕрдӕм Ароеры онг аммонӕгты бӕстӕйы ӕмбис,


Хешбон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Йазер йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: ӕдӕппӕтӕй цыппар сахары.


Израилӕгтӕ Хешбон ӕмӕ йӕ алыварс хъӕуты, Ароер ӕмӕ йӕ алыварс хъӕуты, стӕй Арноны дон-дон цы хъӕутӕ ис, уыдоны ныридӕгӕн ӕртӕсӕдӕ азы цӕрынц. Ӕмӕ нӕ уӕд ацы зӕххытӕ раздӕр цӕуылнӕ истай?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan