Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 21:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Ӕмӕ арвыста Израил лӕгтӕ Сигонмӕ, аморӕгты паддзахмӕ, цӕмӕй йӕм бахатой:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 21:21
16 Iomraidhean Croise  

ноджы ма йевусӕгтӕ, аморӕгтӕ, гиргашӕгтӕ,


Ды сын сӕ бар бакодтай паддзахӕдтӕ ӕмӕ адӕмты, байуӕрстай сын зӕхх, ӕмӕ бацахстой Сигоны, Хешбоны паддзахы, зӕххытӕ, стӕй Башаны паддзах Огы зӕххытӕ.


ракодта уырдыгӕй Израилы адӕмы — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.


Хешбоны бырутӕн сӕ аууӕтты фӕллад лигъдӕттӕ лӕууынц. Хешбонӕй арт раирвӕзт, Сигоны хӕдзар пиллон артӕй судзы; йӕ къӕмисӕнтӕ судздзӕни Моавӕн, нӕрӕмонтӕн сӕ сӕртӕ басудздзӕн.


Бамотӕй — Моавы быдырты, ӕдзӕрӕг быдыры чи зыны, уыцы Фасгайы хохы сӕрмӕ.


Уый уыди, Хешбоны хицауиуӕг чи кодта, аморӕгты уыцы паддзах Сигон ӕмӕ, Аштарот ӕмӕ Едреи кӕй къухы уыдысты, Башаны уыцы паддзах Ог саст куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ.


Ацы ранмӕ куы ’рбацыдыстут, уӕд нӕ ныхмӕ ралӕууыдысты Сигон, Хешбоны паддзах, ӕмӕ Ог, Башаны паддзах, фӕлӕ сӕ мах ныддӕрӕн кодтам.


Уый уыди Иорданы фале, Бет-Пеормӕ ӕввахс дӕлвӕзы, Хешбоны чи хицауиуӕг кодта, уыцы амораг паддзах Сигоны зӕххыл. Моисей ӕмӕ израилӕгтӕ Мысырӕй куы рацыдысты, уӕд ӕй басастой.


Израилӕгтӕ Иорданӕй скӕсӕнӕрдӕм, стӕй Арноны тӕрфӕй суанг Ермоны хохы онг ӕмӕ Иорданы дӕлвӕзы скӕсӕйнаг фарс цы бӕстӕтӕ бацахстой, уыдонӕн сӕ паддзӕхтӕ, Израилы ӕфсад кӕй басаста, уыдон, хуындысты Сигон ӕмӕ Ог.


Уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Мысырӕй фӕндагыл уын Дунедарӕг Сырх денджыз уӕ размӕ куыд байсысын кодта ӕмӕ Иорданы фале дыууӕ амораг паддзахӕн, Сигонӕн ӕмӕ Огӕн, сӕ быныхъӕр куыд ссӕуын кодтат.


Уый фӕстӕ уӕ Ӕз ӕрбакодтон Иорданы фале цӕрӕг аморӕгты зӕхмӕ. Уыдон уемӕ схӕцыдысты, фӕлӕ уын сӕ Ӕз радтон уӕ къухтӕм. Ныццагътон сӕ уӕхи цӕстыты раз, ӕмӕ сын сымах бацахстат сӕ зӕхх — сси уын фыдӕй-фыртмӕйы исбон.


Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Сымах ӕфхӕрдтой мысырӕгтӕ, аморӕгтӕ, аммонӕгтӕ, филистимӕгтӕ,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan