20 Бамотӕй — Моавы быдырты, ӕдзӕрӕг быдыры чи зыны, уыцы Фасгайы хохы сӕрмӕ.
Маттанайӕ — Нахалиелмӕ, Нахалиелӕй та — Бамотмӕ.
Ӕмӕ арвыста Израил лӕгтӕ Сигонмӕ, аморӕгты паддзахмӕ, цӕмӕй йӕм бахатой:
Уырдыгӕй израилӕгтӕ сӕ фӕндаг дарддӕр кодтой ӕмӕ Моавы дӕлвӕзы, Иорданы фале, Йерихонмӕ хӕстӕг ӕрлӕууыдысты.
Уыйадыл ӕй ахуыдта Цофимы быдырмӕ, Фасгайы сӕрмӕ; сарӕзта авд нывондхӕссӕны ӕмӕ ӕрхаста нывӕндтӕ: алы нывондхӕссӕныл дӕр — фӕйнӕ уӕныджы ӕмӕ фӕйнӕ фыры.
Балак Пеоры сӕрмӕ скодта Балаамы — уырдыгӕй ӕдзӕрӕг быдыр хорз зынди.
Уый, Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар Моавы дӕлвӕзы, Иорданы был, Йерихоны бакомкоммӕ кӕй банымадтой, уыдон.
Иорданы фале, Моавы зӕххыл, Моисей бавнӕлдта Ӕгъдауыл бӕстон ӕрдзурынмӕ. Уый загъта:
Фасгайы хохы сӕрмӕ ссу ӕмӕ дӕ цӕст ахӕсс ныгуылӕн ӕмӕ цӕгатыл, хуссар ӕмӕ скӕсӕныл, фен сӕ, уымӕн ӕмӕ ды Иорданы фаллаг фарсмӕ нӕ бахиздзынӕ.
Уыйадыл ссыди Моисей Моавы дӕлвӕзтӕй Невойы хохмӕ, Йерихоны бакомкоммӕ чи ис, уыцы Фасгайы сӕрмӕ. Ӕмӕ йын фенын кодта Дунедарӕг бӕстӕ кӕрӕй-кӕронмӕ — Галаадӕй Даны онг,
Иорданӕн йӕ фаллаг фарс, скӕсӕнӕрдыгӕй цы дӕлвӕз ис, уый дӕр уыдонмӕ хауы суанг Фасгайы рӕбынмӕ, денджызы онг.