Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 21:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 „Сӕ лӕдзджытӕй, сӕ старцытӕй фӕтӕгтӕ кӕй къахтой, адӕмы раздзӕуджытӕ кӕй къахтой, гъе уыцы цъай“». Ӕдзӕрӕг быдырӕй араст сты Маттанамӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 21:18
12 Iomraidhean Croise  

Алчер Елиашив бавдӕлд ӕмӕ йӕ сауджын ӕфсымӕртимӕ Фысвосы кулдуар сарӕзтой. Срухс ӕй кодтой ӕмӕ йын йӕ дуӕрттӕ сӕвӕрдтой. Сӕдӕйы мӕсыгӕй Хананелы мӕсыгмӕ дӕр къул самадтой ӕмӕ йӕ срухс кодтой.


Уыдоны фарсмӕ къул дарддӕр амадтой текойӕгтӕ; уӕвгӕ, сӕ тӕккӕ нымаддӕртӕй никӕй бафӕндыд Дунедарӕджы номыл бакусын.


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг нӕ Тӕрхонгӕнӕг у, нӕ Уагӕвӕрӕг, нӕ Паддзах! Фыдгулӕй нӕ бахиздзӕн.


Уӕд ныззарыд Израил ацы зарӕг: «Йедзаг кӕн, цъай, зарут ын:


Маттанайӕ — Нахалиелмӕ, Нахалиелӕй та — Бамотмӕ.


уымӕн ӕмӕ нын Ӕгъдау Моисейы фӕрцы лӕвӕрд уыд, Хуыцауы хорзӕх, фарн ӕмӕ ӕцӕгад та нын раргом кодта Йесо Чырысти.


Моисей нын радта Ӕгъдау, Йаковы дзыллӕйы исбон.


Ды та лӕуу ам, Мӕ цуры, ӕмӕ дын Ӕз фехъусын кӕнон ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ, фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, цӕмӕй сын сӕ ды бамбарын кӕнай ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕной, цӕрынӕн сын цы бӕстӕ дӕттын, уым“.


Ӕгъдауӕвӕрӕг ӕмӕ Тӕрхонгӕнӕг ис ӕрмӕстдӕр иу, Йӕ бон у фервӕзын кӕнын дӕр ӕмӕ фесафын дӕр. Ды та чи дӕ, ӕмӕ хионӕн тӕрхон кӕнай?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan