Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Нымӕцтӕ 20:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Моисей ӕмӕ Аарон адӕмы ӕмбырдӕй ныууагътой, Фембӕлды Цатыры размӕ ацыдысты ӕмӕ сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой. Дунедарӕджы кад сӕм Йӕхи равдыста,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Нымӕцтӕ 20:6
15 Iomraidhean Croise  

Давид йӕ цӕстытӕ хӕрдмӕ систа, ӕмӕ арвӕй зӕххы астӕу кардӕлвӕстӕй федта Дунедарӕджы зӕды, йӕ кард арӕзт уыди Йерусалимы ’рдӕм. Давид ӕмӕ йӕ адӕмы хистӕртӕ, сӕ уӕлӕ сӕхъистӕ, афтӕмӕй, зӕххыл ныддӕлгом сты.


Аарон уыцы ныхас израилӕгтӕн куы рафӕзмыдта, уӕд адӕм се ’ргом ӕдзӕрӕг быдырмӕ сарӕзтой — ӕмӕ дын сӕм ӕврагъӕй куы разынид Дунедарӕджы кад.


Моисей сдзынӕзта Дунедарӕгмӕ: «Цы гӕнгӕ мын у ацы адӕмӕн? Чысыл ма хъӕуы, ӕмӕ мӕ дурты бын фӕкӕной!»


ӕмӕ сӕм раргом ис Дунедарӕг мигъы цӕджындзы, Цатыры бахизӕны ныллӕууыд ӕмӕ басидт Йӕхимӕ Аарон ӕмӕ Мариаммӕ. Куы Йӕм бахӕстӕг сты, уӕд


Фӕлӕ сӕ дзыллӕ дурты бын фӕкӕнынмӕ хъавыдысты. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕджы кад разынди Фембӕлды Цатырӕй ӕппӕт израилӕгтӕм,


Моисей ӕмӕ Аарон сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой израилӕгты дзыллӕйы раз.


Корах ӕппӕт дзыллӕйы ӕрбамбырд кодта Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ: Фембӕлды Цатыры бахизӕны раз лӕууыдысты. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕджы кад Йӕхи равдыста дзыллӕмӕ.


Фӕлӕ уыдон сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ загътой: «О Хуыцау, царды комулӕфт Чи ратты, уыцы Хуыцау! Иу адӕймаг тӕригъӕды бацыд, Ды та ӕппӕт дзыллӕмӕ смӕсты дӕ?»


Моисей уый куы фехъуыста, уӕд йӕ зонгуытыл ӕрхауди.


Дзыллӕ куы ӕрбамбырд сты Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ, уӕд Фембӕлды Цатыры ’рдӕм фӕкастысты ӕмӕ федтой: мигъ ӕй бамбӕрзта, ӕмӕ Дунедарӕджы кад Йӕхи равдыста.


«Иуварс алӕуут ацы дзыллӕйӕ, ӕмӕ сӕ ӕз цӕсты фӕныкъуылдмӕ фесафон!» Дыууӕйӕ дӕр сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой.


ӕмӕ Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


Йӕхӕдӕг иу чысыл ӕддӕдӕр ацыд, зӕххыл ныддӕлгом ис ӕмӕ куывта: «Мӕ Фыд, кӕд гӕнӕн ис, уӕд Мӕ ацы хъизӕмӕртты кӕхцӕй бахиз. Ӕниу, Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ Дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд».


Йешуа йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта ӕмӕ ныддӕлгом ис зӕххыл Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз ӕмӕ афтӕмӕй баззади суанг изӕрмӕ. Израилы хистӕртӕ дӕр ӕй бафӕзмыдтой, сӕ сӕртыл рыг байзӕрстой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan